Перейти к содержанию

Турнава, Нателæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Натия Турнава
гуырдз. ნათელა თურნავა
2019-æм азы 18 апрелы
Хицауады Сæрдар Мамука Бахтадзе
Георгий Гахария
Президент Георгий Маргвелашвили
Раздæр чи уыд Георгий Кобулия

Райгуырдис 1968-æм азы 19 октябры(1968-10-19) (56 азы)
Ахуырад
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Нателæ Турнава (гуырдз. ნათელა თურნავა; райгуырдис 1968-æм азы 19 октябры[1] Мæскуыйы, УСФСР, Советон Цæдис) у Гуырдзыстоны паддзахадон æмæ политикон архайæг, ныртæккæ кусы экономикæ æмæ хъæддых рæзты министрæй.

Иуæй-иу текстты министры Натиа Турнава дæр хонынц[2].

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

1985-æм азы каст фæцис Тбилисы астæуккаг скъола №56 сыгъзæрин майданимæ. Уый фæстæ ахуыр кодта Тбилисы паддзахадон университеты экономикон факультеты. 1994-æм азы бахъахъхъæдта диссертаци (товарты дефициты тыххæй), сси экономикон зонæдты кандидат. 2005 æмæ 2006 азты ахуыр кодта Гарвады университеты, 2012-14 азты та — Кембриджы, райста хъуыддаджы архайды тыххæй магистры къæпхæн.

Политикон архайд

[ивын | Бындур ивын]

1994—96 азты уыд профессоры ассистент, куыста Гуырдзыстоны политикон зонæдты институты, лекцитæ кастис алыхуызон экономикон дисциплинæтыл Тбилисы ахуыргæнæндæтты.

1997-æм азæй — профессоры хæдивæг, Паддзахадон къæнцылары уынаффæгæнæг. Куыста финансон службæйы: финансон-бюджетон политикæйы хайады хицауы хæдивæг, экономикон службæйы хицауы хæдивæг. Парламенты цур президенты секретары хæстæ æххæст кодта.

1998—2000 азты уыд Тбилисы æмбырды уæнг, финансон-бюджетон къамисы сæргълæууæджы хæдивæг. 2000-æм азæй — Гуырдзыстоны экономикæйы министры фыццаг хæдивæг, Гуырдзыстоны президенты цур Æдасдзинады фæдыл советы секретары хæстæ æххæстгæнæг.

2018-æм азы 14 сентябрæй — экономикæ æмæ хъæддых рæзты фæдыл министры хæдивæг. 2019-æм азы 18 апрелы снысан æй кодтой министрæй.

Кусы бизнесы дæр: у «Гуырдзыстоны æхсæнадæмон энергион корпорацийы» генералон директор.

Турнава дзуры уырыссаг æмæ англисаг æвзагыл.

Ис ын бинонтæ, хъомыл кæны иу сывæллоны.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]