Тугъантæ
Внешний вид
Ирон мыггаджы тыххæй кæс Тугъанатæ.
Тугъантæ | |
---|---|
Туйгъантæ | |
![]() Тугъанты Махарбег | |
Къорд | Бадилатæ |
Бындурæвæрæг | Бадел → Тугъан (Туйгъан) |
Къабæзтæ | Легойтæ |
Мыггаджы хъæу | Тугъантыхъæу |
Кæм цардысты | Дыгургом |
![]() |
Тугъантæ[1], дыгуронау Туйгъантæ (уырыс. Тугановы, тур. Tuğan, Orat[2]) сты дыгурон мыггаг. Тугъантæ æмæ Тугъанатæ æрвад не сты.[3]
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Сæ фыдæл уыд Бадилаты Баделы фырт кънйаз Туйгъан, цард Уæхъæцы. Туйгъанæн Уырысы паддзах зæххытæ куы балæвар кодта быдыры, уæд Туйгъантæ хохы хъæутæ ныууагътой æмæ фæлыгъдысты Дур-Дурмæ, Туйгъантыхъæумæ. Уымæй бирæ раздæр та сæ бирæтæ Туркмæ алыгъдысты. Туйгъанты мыггаг равзæрд Бадилатæй. Бадилайы фырттæ: Хъубады, Туйгъан, Абисал æмæ иннæтæ балхæдтой зæххытæ. Туйгъан æлдариуæг кодта Фæснæлы дæр.[1]
Зындгонд Тугъантæ
[ивын | Бындур ивын]- Тугъанты Махарбег — нывгæнæг, публицист, фольклорон уацмыстæ æмбырдгæнæг æмæ иртасæг, педагог æмæ этнограф
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
- ↑ Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.
- ↑ И. Т . Марзоев. Однофамильцы Тугановы: История происхождения фамилий .