Туалтæ
Внешний вид
(Туаллæгтæ-æй æрвыст)
- Мыггаджы тыххæй кæс Туаллæгтæ (мыггаг).
Туал[1], туалтæ кæнæ туаллæгтæ, сты ирон адæмы къабаз, Туалгомы чи цæры æмæ урдыгон мыггагæй чи у, уыдон. XX æнусы онг дзырдтой сæхи ныхасæздæхтыл, фæлæ стæй куырттатаг ныхасæздæхтмæ рахызтысты. Туаллаг мыггæгтæ сты Хетæгкатæ, Мамитæ æмæ æндæртæ. Туалтæй уыд Хетæгкаты Къоста дæр.
Ахуыргæндты фылдæры хъуыдымæ гæсгæ, туалтæ æмæ урстуалтæ равзæрдысты уыцы алантæй, кæцытæ рагон туалты цур æрцардысты, семæ схæццæ сты æмæ сын сæ ном райстой. Рагон туалты та бæттынц бынæттон кавгазаг адæмимæ. Ахæм хъуыдыйы ныхмæ ис дзурджытæ, уыдон зæгъынц æмæ рагон туаллæгтæ сæхæдæг ирайнаг адæм уыдысты, скифты кæнæ аланты хай.[2][3][4]
Рагон туаллæгтæ бæрæг сты цалдæр равзæрæнæй:
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Туалты æмбырдгæнæн ном.
- ↑ В.А. Кузнецов. Очерки истории алан. // Аланы-Овсы и Грузия
- ↑ Уанеты Захар. К вопросу о двалах.
- ↑ Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. III том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1979.