Тронты хъазт
«Тронты хъазт» (англ. Game of Thrones) у америкаг драмон сериал фэнтезийы жанры, фыссæг Джордж Мартины романты цикл «Их æмæ Арты зарæджы» мотивтыл конд. Сериал систæуыд (разамонджытæ — Давид Бениофф æмæ Д.Б. Уейс) кабелон телеканал HBO-йæн. Телесериал ист цыдис цалдæр бæстæйы, семæ Цæгат Ирланди, Мальтæ, Хорвати, Исланди æмæ Марокко. Фыццаг сезоны премьерæ канал HBO равдыста 2011-æм азы 17 апрелы.
«Тронты хъазты» архайд цæуы æрымысгæ континенттыл Уестерос æмæ Ессосы, дæс азы чи ахаста, ахæм сæрды фæстæ, æмбаст дзы ис цалдæр сюжетон линийы. Фыццаг хаххы æвдисынц цалдæр уæздан хæдзæрттæ куыд схæцыдысты Авд паддзахады «Æфсæн трон»-ы сæраппонд, уый тыххæй; дыккаг æвдисы смæгуыруæвгæ ордены фæлварæнтæ, æрбаввахсгæнæг тас-зымæг æмæ Цæгаты мифон фæлдисонтæм ныхмæлæуд; æртыккаг хроникæ æвдисы тыхæппæрст династийы фæстаг хъæбулы, принцессæйы, куыд агуры цæдисонты йæ трон раздахынмæ.
Сериалы фæзынынц фантастикон фæлдисондтæ, зæгъæм, залиаг кæлмытæ (драконтæ) æмæ алы ’нæзæгъинæгтæ. «Тронты хъазтæн» характерон у, кæй дзы нæй цæхгæр-хорз, кæнæ цæхгæр-æвзæр персонажтæ, хъайтартæй бирæтæн сæ бон дынысанон митæ равдисын æмæ ма сæ бирæтæ та æнæнхъæлæджы мард дæр фæвæййынц. Сериалы æвнæлд цæуынц политикæ, дин, мидхæст, сылгоймæгты уавæр æхсæнады, фыдракæнд æмæ æфхæрды фарстатæ. Сæрмагондæй ма йын цалдæр аразгæ æвзаджы дæр æрымысыдысты, зæгъæм, дотракиаг æмæ валариаг.
«Тронтæ» нырыккон америкаг телеуынынады нымад у стырбюджетонтæй сæ иуыл, афтæмæй ма фэнтезийы жанры мидæг — æппæты зынаргъдæрыл. «Тронты хъазт»-æн критиктæ скодтой хорз аргъ, æниу æм сæ бирæтæ ракастысты æппæрццæг цæстæй йæ тугджын фыдми æмæ эротикон сценæты тыххæй.
Сериал номинаци цыд бирæ престижон хорзæхты, дыууæ хатты «Эмми»-йы преми (номинаци «хуыздæр драмон сериал»), райста «Хьюгойы» преми (номинаци «хуыздæр авæрды»); уымæй уæлдай ма, хорзæхджынгонд æрцыдысты сериалы архайæг актёр — Питер Динклейдж (Трион Ланнистеры чи ахъазыд). Лæвæрд ын æрцыд «Эмми» æмæ «Зæрин глобусы» преми (номинаци «нæлгоймаджы дыккаг пъланы хуыздæр ролы»).