Тронадор
Внешний вид
| Тронадор | |
|---|---|
| исп. Cerro Tronador | |
| | |
| Кæм ис | |
| 41°09′39″ ю. ш. 71°53′15″ з. д.HGЯO | |
| Ран | Аргентинæ |
| Хохы системæ | Андтæ |
| Характеристикæтæ | |
| Бæрзæнд | 3478 м |
| Ахастон бæрзæнд | 2663 м |
| Фыццаг сцыд | Герман Клауссен 1934-æм азы |
|
|
|
Тронадо́р (исп. Cerro Tronador) — хуыст стратовулкан Хуссары Андты, Аргентинæ æмæ Чилийы астæу, сахар Бариллочейы цур. Испайнæгтæ йæ афтæ схуыдтой цъити лæбыргæйæ цы характерон мыртæ равзæрын кæны — уыдонмæ гæсгæ.
Цъититæ
[ивын | Бындур ивын]

Тронадор цымыдисаг у бирæнымæцон цъититы тыххæй. Цъититæ сты аст:
- Алерсе исп. Alerce
- Вентискеро Негро исп. Ventisquero Negro
- Касæ Панке исп. Casa Pangue
- Кастаньо Оверæ исп. Castaño Overa
- Рио-Бланко исп. Río Blanco
- Фриас исп. Frías
- Пеулла исп. Peulla
- Мансо исп. Manso
Боныхъæды ивды тыххæй цъититæ алыхуызон ивддзинæддтæ исынц, къаддæр кæнынц кæнæ хаттæй-хатт рацаразынц сæ бæрцуат.
Цъуппытæ
[ивын | Бындур ивын]Тронадорыл ис ахæм нæмттимæ цъуппытæ:
- исп. Anon or Interacional, (3484м)
- исп. Argentino, (3187м)
- исп. Chileno, (3262м)
- исп. Torre Ilse, (2585м)
Рæгътæ:
Фыццаг сцыд
[ивын | Бындур ивын]Торандоры цъуппмæ фыццаг схызтис 1934-æм азы 14 январы Герман Клауссен, иунæгæй æнæ æххуысгæнджытæй.
