Транс

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Armin van Buuren

Транс (англ. trance) — электронон музыкæйы стиль, кæцы фæзынди 1990-æм æзты. Трансы стилы хицæнгæнæн æууæлтæ сты: йæ темп 128-æй — 145 минутдзæфмæ; фæлхатгæнæг мелоди, ныхæстæ æмæ музыкалон формæты уæвынад.

Трансы музыкæ 80-æм æзты райдыдта фæзын-фæзын кæнын. Трансы культон бынæттæй сæ иу æмæ ма йæ райгуырæныл нымад цæуы Гоæ, Индийы. Стыр популæрад транс райдыдта исын 90-ты Европæйы (Германы, Нидерландты, Францы, Бельгийы æмæ Стыр Британийы). Стиль равзæрди техно, хаус æмæ эмбиенты сæмхæццæйæ.

Трансыл ахæм ном абадти йæ фæлхатæг æмæ фæлмæнивгæ бас æмæ ритмон мелодиты тыххæй, кæдон-иу хъусæджы аныгъуылын кæнынц трансы хуызон уагы.

Арæхдæр-иу трансы фестивалтæ ацæуынц гомарвбын, ноджы ма стыр залты, ахæм хъуыддæгтæн арæзт, стæмдæр хатт кълубты. Фæлæ æгæр алывæрсыг у транс. Йæ бон у уа куыд электронон, афтæ ма æцæг инструменттæй æххæстгонд реалон заманы.