Перейти к содержанию

Тордарсон, Фридрик

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фридрик Тордарсон
Райгуырды датæ 1928-æм азы 7 мартъийы(1928-03-07)[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2005-æм азы 2 октябры(2005-10-02)[1] (77 азы)
Бæстæ
Куысты бынат
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Фридрик Тордарсон (исл. Friðrik Þórðarson; 1928 — 2 октябры 2005) уыдис исландиаг лингвист æмæ Ослойы университеты профессор.

Тордарсон райгуырдис Исландийы, ахуыр кодта классикон филологи Ослойы. 1965-æм азы амонæны бар райста æмæ ахуыр кæнын райдыдта латинаг, грекъаг æмæ индиаг æвзæгтæ. 1994-æм азы профессоры титул систа.

Классикон æвзагты йеддæмæ Тордарсон ахуыр кодта Кавказы æвзæгтæ, сæйрагдæр гуырдзиæг æмæ ирон æвзаг, æмæ уыцы æвзæгтыл зындгонд эксперт сси. Йæ къухæй мыхуырмæ ацыд ирон æвзаджы грамматикæ англисаг æвзагыл. Уыд бирæтомон Encyclopædia Iranica-йы автортæй иу.

Библиографи

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]