Тар фэнтези
Внешний вид
Тар фэнтези (англ. dark fantasy) у аивадон уацмысты дæлжанр, кæцы æфтауы хорроры æмæ готикæйы элементтæ. Архайд дзы цӕуы традицион фэнтезийы антуражы.
Номы равзӕрд
Дзырд «Тар фэнтази» фыццаг хатт фæзынд 1973 азы куыд чысыл фанзины ном. 1980-æм азты райдианы америкаг рауагъдадтæ райдыдтой пайда кæнын ацы терминæй, цæмæй æрбангом кæной аудитори. 1987 азы Джек Уильямсон сбæрæг кодта тар фэнтази куыд мистикон литературæйы хицæн хуыз. Æмæ 1991 азы июны журнал Locus-ы рубрикæйы фыссæг Фарен Миллер жанр снысан кодта куыд радзырд хоррор æмæ готикон элементтимæ, æвæрд фӕткон фантастикон уавæры.