Перейти к содержанию

Тæрхон:Коцойты Арсен

Содержимое страницы недоступно на других языках.
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Фæмард/Амард/Фæзиан

[Бындур ивын]

Фæмард раст нæу адаймаджы тыххæй дзурын. Растдæр у фæзиан ис. Абар æй уырыссаг взагимæ: фæмард - умер, фæзиан ис - скончался - более благородно.

Разы дæн демæ. Фыссæм "фæзиан" æндæр статьяты дæр. -- Amikeco 06:55, 25 Апр 2005 (UTC)
"Фæмард" зæгъгæ фæдзурынц ахæм адæймагæй, кæцы афардæг ис æндæр бæстæм йæхи амалæй нæ, фæлæ тыхмардæй. -- Alard 07:03, 25 Апр 2005 (UTC)

Сурæт/Къам

[Бындур ивын]

"Сурæт" у гуырдзиаг ныхас - сурати=ныв. Иронау растдæр у "къам".

Сурæт æмæ къам сты гуырдзиаг æвзагæй байсгæ дзырдтæ, уый мидæг ницы худинаг ис. Сурæт у уырыссагау «портрет, образ», къам у «игральная карта» стæй «фотография» дæр. Ома, ацы статьяйы уæлдай нæу, фæлæ æндæр контексты ацы дзырдтæ синонимтæ не сты. -- Amikeco 06:55, 25 Апр 2005 (UTC)
Разы дæн Америгоимæ. «сурæт» хорз дзырд у æмæ уымæй пайда кæнæн ис. Æз ма хъуыды кæнын - соеветон заман уырыссаг «образ» иронау фыстой «обрæз». «Сурæт» «обрæзы» бæсты хуыздæр у. Dziglo 12:49, 28 декабры 2008 (UTC)[ответить]