Тæрхонылæг Дредд 3D

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тæрхонылæг Дредд 3D
Жанр антиутопи, фантастикæ
Режиссёр Пит Трэвис
Сæйраг рольты Карл Урбан
Оливия Тирлби
Ленæ Хеди
Вуд Харрис
Паддзахад Стыр Британи Стыр Британи
Хуссар Африкæйы Республикæ Хуссар Африкæ
Америкæйы Иугонд Штаттæ АИШ
Инди Инди
Аз 2012
IMDb ID 1343727

«Дредд» (англ. Dredd) — фантастикон фильм, Алекс Гарленды фыст сценарийы, режиссёр Пит Тревисæй ист, 3D-форматы, сæйраг рольты Карл Урбан æмæ Оливия Тирлби. Кино у æмном комиксты экранизаци. 2008-æм азы декабры хъуыстгонд сси, фильмы скæныныл DNA Films кæй архайдзæн æмæ 1995-æм азы версиимæ баст кæй нæ уыдзæн. Премьерæ конд æрцыд 2012 азы, 6 сентябры Торонтойы.

Сюжет[ивын | Бындур ивын]

Постапокалипсон дуне атомон хæсты фæстæ. Америкæ радиацийæ сыгъд у æмæ ма баззад æрмæст иу горæт, йæ фæстæ та хус æдзæрæн, номхонгæ — Æлгъыст Зæхх. Систы фæстæ та лæууы Мега-Сахар Иу, Бостонæй Вашингтонмæ аххæсгæ, залым метрополис 800 милуан цæрæгимæ æмæ 17000 криминалон репортимæ алыбон. Уыйппæт адæм цæрынц зæронд дунейы пырхытыл, нæуæг оны мега-агъуыстты, пъæлицæйæгтæ та дзы сты Тæрхонгæнджытæ — расттæрхоны галуаны бæрны адæм, кæдон систы иу цæсгомы прокурортæ, присяжнитæ æмæ æххæстгæнджытæ. Уынгтæ йетæккæ дзаг сты хотыхджын фыдгæнджытæй æмæ æрмæст Тæрхонылæгтæ тох кæнынц сæрфады сæраппонд æуцы хаосы, сæ иу — Джозеф Дредд, нæуæг курсант Кассандрæ Андерсонимæ баиугæнгæ бахаудысты фыр-стыр хæдзармæ.

Горæты фæзынд нæуæг химæлхъив наркотик, "Слоу-Мо" хуынгæ æмæ магъзы нормалон куыст 1% онг фæсæндæг кæны йæ цыдæй. Дредд рахызт наркоуæйгæнджыты бандæйы фæдмæ, сæ раздзог Маделинæ Мадригал (Ма-Ма), й ’армы бакодта иу

"Алтъами бæлас" — 200 уæладзыгон фатердзæрæн мæсыг-хæдзар. Наркотикты хицау Маделинæ Мадригал, кæй хонынц "Ма-Ма", мæлæтæфхæрд бакодта æртæ нарко-дилеры, нынтъæрын уал сын кодта уыцы "Слоу-Мойæ" æмæ сæ раппарын кодта уæлдæр уæладзгуытæй иуæй. Дредд æмæ Андерсон фæдагур æрвыст сты æуцы нарко-"хуыккоммæ". Сарест дзы кодтой иу бандит Кайы, кæцыйы Андерсон - æнахуыр æнъкарæнтæм курдиатджын — фенкъардта æртæ дилеры марæджы. Дредд æй æрфæрстытæ кæнынмæ тыххæй æрбæстытæ кодта йæ фæдыл. Ма-Майы марæндыхтæ бацахстой дынджыр "бæлас"-хæдзары хъаккæнад-уат æмæ йæ æрымбæрзтой егъау æфсæн-рудзынгæмбæрзæнтæй, бахъаккæнды тест скæныны æфсон сæ скусын кодта, фæлæ æрмæст, цæмæй йын Тæрхонылæг Дредд ма алидза, кæнæ æххуысмæ ма фæдзура.

Ма-Ма бардзырд ратта Дредд æмæ Андерсоны амарын, афтæмæй цын сæ фæндаг хæцæнгарзæй дзыппнад лæгмарты едзаггæнгæ. 76-æм уæладзыгмæ схæццæйæ Тæрхонгæнджытæ Ма-Майы адæймаг æмæ йæ M61 Vulkan-æй, кæцы ныббызгъуыртæ кодта къултæ æмæ ма дунейы цæрджыты фæмардта, цъысымы бахаудысты. Фæлæ уæддæр сæ бон баци къулы хай расæттын æмæ фæдзурын æххуысмæ. Уыцафон Ма-Ма æрвиты йе ’ннæ фæсдзæуин Калебы, Тæрхонгæнджыты мæрдтæ сбæлвырд кæнынмæ. Куы фембæлдысты, уæд Дредд Калебы Ма-Майы цæстыты раз раппæрста мæсыгæй дæлæмæ.

Дредды зæрдæ ’хсайы, Ма-Ма фырдыхст кæй, Кай йæ дзых æхкæдæй куынæ дара æмæ йæ кæй марын кæндзæн информаци ма раргомы тыххæй. Андерсон, йæ психикон миниуджытæй спайдагæнгæ, тыххызт кæны Кайы лæдæрæнмæ æмæ дзы базыдта "Алтъами-бæлас" Слоу-Мойы скæнæн æмæ уæймæрвит центр кæй у. Афтæмæй ма уынаффæ кæны æуым искуы бамбæхсын, цалынмæ феххуыс æрцæуа, уæдмæ. Фæлæ Дредд йæ ныхасыл ныллæуыд, цæмæй цæуой дарддæр хæрдмæ Ма-Майы ахсынмæ. Тæрхонгæнджытæ Волт æмæ Гутри дзуапп кæнынц Дредды бадзырдмæ, фæлæ сæ Ма-Ма-йы компьютерты сæрæнæн системæйыуылтыл нæ бауадзын кодта, сигнализацийы аххос æй фæкæнгæ, æмæ цын баныфс æвæртта, уыдон дæр хъаккæнды тренахуыры тыххæй кæй фесты хуынд. Фыдгæнджыты иу къаимæ тох схæцыди Дредд æмæ Андерсонæн, Кайæн та фадат фæци Андерсоны сгомарм кæнын æмæ йыл фæтых уæвын, æмæ йæ амынæты райсгæ, Ма-Мамæ йæ скодта йæ разæй.

Цалынмæ Дредд йæ фæндаг сыгъдæг кæны хæрдмæ, Ма-Мамæ, уый та фæдзырдта коррупцихæрд Тæрхонгæнытджæм Лекс, Каплан, Чен æмæ Алварезмæ. Уыцы цыппар ссæрибар кодтой Волт æмæ Гутрийы сæ хæсæй æмæ сæ рарвыстой хæдзары бахизæнæй, сæхи та цын мидæмæ бауагътой фæстæдæр. Дредд хæрхæмбæлд фæци Ченимæ æмæ йæм сдызæрдыг ис, кæй нæ бафæрста Андерсоны йæ статусæй. Куы йæ фæхатыд æмæ йæ "худ судзы", уæд Дредды атакæ кæнын райдыдта, фæлæ йæ амардта уый.

Уæдмæ та Кай хъавы Андерсоны йæхи хæцæнгарзæй амарын, фæлæ йæ дамбацайы ДНТ-сканер не сбæрæг кодта æмæ йыл йæ къух атæхынгæнгæ срæмыгъта, кæй феххуыс ис Андерсонæн йæ ныммарынмæ. Ирвæзы урдыгæй æмæ фæстæдæр фембæлды Капланыл, кæй амардта æвиппайд, йæ мæгъзтæ йын куы афарста. æндæр ран та Дредд мары Алварез, фæлæ хотыхтæй цух кæны сæндæггай æмæ ма йын Лекс дæр йæ гуыбын фехста дамбацайæ. Лекс æм феввахс кæны, цæмæй йæ "ныффæуа", Дредд та фаг рæстæг фæивæзта, цæмæй Андерсон дæр æрхæццæ уа æмæ амара Лексы.

Дреддитæ ссарттой Ма-Майы апартаментты код йæ компьютерты экспертæй æмæ йæм быцæу лæууынц. Ма-Ма зæгъы Дреддæн, куыддæр амæлæ, зæгъгæ, афтæ, йæ цонджыхъулыл цы девайс ис, уый сдетонаци кæндзæн рæмудзæрмæг уæллаг уæладзгуытыл æмæ ’нæхъæн стыр агъуыст ныккæлдзæн. Дредд ныфсхъуыды у æмæ детонаторы сигнал нæ баххæсдзæн срæмудзæн æрмæгмæ фыццаг уæладзыгæй æмæ Ма-Майæн тыххæй сулæфын кодта "Слоу-Мо"-йæ ’мæ йæ раппæрста бынмæ, сæндæгдзыды къайфты, хатгæ дæр æй нæ бакодта, уымæн æмæ йæм секундтæ минуттæй даргъдæр кæсынц.

Фæстиуæджы, Андерсон сразы ис, кæй н ’ахызти й ’аргъгæнæн тест, æнæхæцæнгарз кæй баззади æмæ хъуамæ ныууадза пъæлицæйы куыст. Фæлæ Тæрхоны Хистæр Дредды бафарста Андерсоны уагархайдæй æмæ йын æнæгуырысхойæ загъта, Андерсон кæй радта йæ тест.