Сырхы хох

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сырхы хох
гуырдз. წითელი ხატი
Кæм ис Хуссар Ирыстон
Хохы системæ Кавказ
Рагъ Иры рагъ
Цъуппы бæрзæнд 3026 м
Сырхы хох (Хуссар Ирыстон)
Сырхы хох
Сырхы хох (Ленингоры район)
Сырхы хох

Сырхы хох[1] кæнæ Сырх хох[2] (гуырдз. წითელი ხატი) у хохы цъупп Хуссар Ирыстоны. Хохы бæрзæнд денджызы æмвæзадæй уæлдæр у 3026 м бæрц.

Хохæн йæ дæлвæччи хуссар-ныгуылæнварс 2780 м бæрзæндыл ис дыууæ къаннæг цады. Фыццаг цад лæууы бындæр, йæ дæргъ уыдзæн 800 м бæрц æмæ йæ уæрх та 250 м æввахс. Дыккаг цад ис чысыл хуссарæрдæм, йæ дæргъ у 250 м æмæ йæ уæрх та 200 м бæрц. Уæллаг цадæй дæллагмæ цæуы чысыл къада дон. Хохы сæрæй кæсгæйæ, цæдты дон зыны æрвгъуызæй. Æнæуи сæ дон у сыгъдæг, кæсаг дзы нæй, стæм уытъырытæ æмæ æндæр доны хъæндилтæй дарддæр. Адæмы ’хсæн ацы цады фæдыл баззад ахæм дзырд: Зæгъгæ, ацы цадты сæхи надтой уæларвонтæ, чысылдæры — ус, стырдæры та — лæг. Ацы цæдтæй дæллаг цадты хицæн ном ма дзимырæгтæ хуыдтой «Цæхджын цад».[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]