Сырхæхсырæг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Сырхæхсырæг кæнæ цъиукъуымæл у кæрдæг зайæгой. Ацы кæрдæг дæр йе ’ддаг бакастæй у æхсыргæрдæджы хуызæн, у æхсырджын, сырх, кæнæ та вæййы бурсырхгонд, зайы бæрзонд уазал рæтты. Фысгæсгæ йæ хæрынц адджынæн, кæнынц æй басыл. Уый фысгæстæн у сæ фыццаг хос тъæнгтæ æмæ ахсæн риссыны рæстæджы, хос дзы кæнынц хъæдгомæн. Фосы хъæдгом куы скæлм вæййы, уæд æй æхсынц уый донвыхæй.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.