Перейти к содержанию

Фæсæфтуан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Суффикс-æй æрвыст)

Фæсæфтуан (суффикс дæр) у, дзырды мидæг уидаг кæнæ æндæр фæсæфтуаны фæстæ чи лæууы, ахæм морфемæ (нысаниуæгджын хай).

Иуæй-иу æвзæгтæ (зæгъæм, тюркаг æвзæгтæ) пайда кæнынц æрмæст фæсæфтуантæй, разæфтуантæ дзы сты стæм кæнæ бынтондæр нæй. Ирон æвзаг пайда кæны куыд фæсæфтуантæй, афтæ разæфтуантæй дæр.

Ирон æвзаджы фæсæфтуанты ’хсæн: -дон (хор-дон), -джын (амонд-джын), -ыг (æгом-ыг) æмæ æндæртæ.