Стресснер, Альфредо

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Альфредо Стресснер
исп. Alfredo Stroessner Matiauda
1954-æм азы 15 августы — 1989-æм азы 3 февралы
Раздæр чи уыд Перейра, Томас Ромеро[d]
Фæстæдæр Андрес Родригес[d]
Райгуырдис 1912-æм азы 3 ноябры(1912-11-03)[1][2][3][…]
Амардис 2006-æм азы 16 августы(2006-08-16)[4][1][2][…] (93 азы)
Æмкъай Лихия Стресснер[d]
Сывæллæттæ Густаво Штресснер[d]
Парти
Ахуырад
Дин католикон еклези[d]
Хорзæхтæ
Хуындад æфсады инæлар[d] æмæ дивизион инæлар[d]
Тохтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Альфредо Матиауда Стресснер (исп. Alfredo Stroessner Matiauda; райгуырд 1912 азы 3 ноябры Энкарнасьоны, Парагвай — амардис 2006 азы 16 августы Бразилиайы, Бразили) уыд Парагвайы президент (диктатор) 1954 азы 15 августæй 1989 азы 3 февралмæ.

Стресснер уыд бавариаг эмигрант æмæ бынæттон сылгоймаджы фырт. 1929 азы, 17-аздзыдæй, уый бацыдис æфсадмæ æмæ 1931 азы ссис лейтенант. Боливийы ныхмæ Чакойы хæст (1932-1935) куы уыди, уæд службæ кодта артиллерийы. 1948 азы сси Латинаг Америкæйы æрыгондæр инæлар, 1954 азæй та — Парагвайы хотыхджын тыхты командæгæнæг. Уыцы азы 5 майы паддзахадон фæфæлдæхты сæргъы æрлæууыдис æмæ йæхи схуыдта Парагвайы ног президент.

Иннæ диктатортæй хъауджыдæр, Стресснер йæ бæстæйы кодта æвзæрстытæ. Афтæ йæ президенты бынатмæ равзæрстой 1958, 1963, 1968, 1973, 1978, 1983 æмæ 1988 азты. Уымæн æдзух хъæлæс кодтой æвзæрджытæй 80% фылдæр — гъе уый тыххæй йæ зылын кæнынц мæнг æвзæрстытæ аразыныл.

Стресснер уыдис æнувыд антикоммунист, æмæ уымæй ссис Америкæйы Иугонд Штатты лымæн. Суанг ма Вьетнаммæ йе ’фсад арвитын æй фæндыдис, коммунизмы ныхмæ хæцынмæ[5].

1979 азы Никарагуæйы сандинистты революци куы фæуæлахиз, Стресснермæ сусæгæй æрбацыдис уымы диктатор Анастасио Сомоса Дебайле. Бирæ нæ ахаста — сандисттæ йæ ссæрдтой æмæ амардтой Парагвайы сæйраг сахар Асунсьоны уынгтæй иуы 1980 азы 17 сентябры.

Кæд Стресснер даргъ æмгъуыд йæ бæстæйы сæргъы уыд, уæддæр йæ къухы нæ бафтыд амæлæты бонмæ президент уын. 1989 азы 3 февралы йæ хæстæг хæлæр Андрес Родригес паддзахадон фæфæлдæхты фæрцы ссис ног президент. Стресснеры бахъуыдис йæ райгуырæн бæстæйæ алидзын, æмæ уæд æрцарди Бразилийы сæйраг сахары. Уый куы тынг базæронд ис, уæд Парагвайы хицауады куырдта, цæмæй йæ бауагъдтаиккой, кæм райгуырдис, уым амæлын, фæлæ йæ нæ бауагътой. Баныгæдтой йæ Бразилийы.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]