Социалон рекламæйы лаборатори
АНО «Социалон рекламæйы лаборатори» — уæрæсейаг æххæст циклы рекламон агентад, социалон рекламæйы бакуыст æмæ кондадыл специализаци цы кæны, уый. Архайы 2002-аг азæй фæстæмæ Гюзеллæ Николайшвилийы разамындæй. У Уæрæсейы раздзæуæг экспертон нæкоммерцион организацитæй сæ иу социалон рекламæ, PR æмæ социалон проектаразынады сферæйы[1].
Истори
[ивын | Бындур ивын]Лаборатори бындурæвæрд æрцыд 2002-аг азы политикон зонæдты кандидат Гюзеллæ Николайшвилийæ Экономикæйы уæлдæр скъолайы публикон политикæйы кафедрæйы базæйыл.
Лабораторийы фыццаг серьёзон проекттæй сæ иу сси сайт «Соцрекламæ.ру», 2003-аг азы уагъдгонд кæй æрцыд æмæ ныронг æнтысгæйæ кæй кусы, уый. 2005-æм азы лаборатори регистрацигонд æрцыд куыд автономон нæкоммерцион организаци æмæ университетæй хицæнæй кусын байдыдта. 2003-аг—2008-æм азты периоды организацийы æмкусджытæй æххæстгонд æрцыд æдæппæт 50 семинар-тренингы ’ввахс социалон рекламæйы тыххæй Уæрæсейы нудæс регионы, æмæ Киевы, Сухумы и Ригæйы дæр (социалон рекламæйы фетиваль, кинофестиваль, Project Harmony-йы ахуыр кæныны программæ, «Гом Уæрæсе», Гордоны фонд, ИРÆО «Перспективæ»-йы фестивальты форматы)[2].
2006-æм азы организаци цалдæр æппæтуæрæсеон æмæ фæсарæйнаг рекламон хорзæхы райста. Мæскуыйы хицауадæн реализацигонд æрцыд программæ «Æууæнчы сектор», равзæрын конд æрцыд социалон рекламæ ИДСС-ы (СПИД-ы) тыххæй. Уæймæ ’рбацыдысты «Социалон рекламæ: теори æмæ практикæ» лабаратори кæй сарæзта, уыцы специализацигонд ахуыры чиныгуытæ[3].
2008-æм азы арæзт æрцыд Нæкоммерцион организациты коалици Уæрæсейы социалон рекламæйы парахаткæныны æххуысы фæдыл, «Социалон рекламæйы лаборатори» кæдæм бафтыд æрцыд, уый. Николайшвили Уæрæсейы сæудæджерадон-индустрион палатæйы тымбыл стъолы хайад райста[4].
2009-æм азы Уæрæсейы Федерацийы экономикон парахаткæнынады министрад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æхсæнадон палатæйы æххуысæй лаборатори сорганизаци кодта æхсæнадæмон конференци «Уæрæсейы социалон рекламæйы эффективады фæуæлдæркæнынад»[5].
2013-æм азы æппæтдунеон экономикон форум Creative for Good хуыздæр дунеон кейсты библиотекæйыл бафтыдта «Социалон рекламæйы лаборатори»-йы проектты[6].
Архайд
[ивын | Бындур ивын]Лаборатори социалон рекламæ аразы алыхуызон нæкоммерцион организацитæ æмæ фондтæн. Уыдæттæй сфæлдыст кæй сты видеороликтæ æмæ документалон фильмтæ, уый æнæниз царды уаг, инвалидты бартæ æмæ сæ фæллойæвæрд, æнæниздзинады цыбыр фадæттимæ адæмы темæты æвналынц; инклюзивон ахуырады концепцийы пропагандæ кæнынц, социалон сферæйы æндæр проблемæтæ рухс кæнынц.
Сæ заказгæнджытæ сты паддзахадон структурæтæ æмæ хицæн хæрзгæнæг фондтæ. Уыдоны ’хсæн сты ЮНИСЕФ, Роспотребнадзор, инвалидты регионалон æхсæнадон организаци «Перспективæ», ветеранты ассоциаци «Альфæ», Æхсæнадæмон медицинæйы корпус, социалон парахаткæнын æмæ æнæниздзинады хъахъхъæдады фонд «Фокус-Медиа», хæрзгæнæг проект «Гом театр» æ.æ.[7][8][9][10].
Организацийы архайды ноджы здæхт у социалон рекламæ фæлдисын æмæ кондады тыххæй комплексон ахуыр кæныны программæтæ, тренингтæ, мастер-къласстæ, дистанцион курсыты бакуыст æмæ реализаци. Организацийы æмкусджытæ лæггæдтæ дæттынц консалтингы тыххæй социалон PR æмæ рекламæйы фадыджы; зонадон архайд, иртасæн куыстытæ æххæст кæнын æмæ экспертизæйы тыххæй; партнёрон æмæ спонсорон программæтæ социалон тематикæйы тыххæй реализаци кæнынц; социалон рекламæйы федералон æмæ регионалон фестивальтæн ахъаз кæнынц[11].
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Наша молодёжь
- ↑ Лаборатория социальной рекламы уже девять лет создаёт рекламу в России
- ↑ Социалон рекламæ: теори æмæ практикæ (Ахуыргæнæн æххуысчиныг)
- ↑ У вас все дома?
- ↑ Международная конференция «Повышение эффективности социальной рекламы в России»
- ↑ Лаборатории социальной рекламы — 10 лет(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 13 июны. Архив 2015-æм азы 3 февралы.
- ↑ Бизнес альтруистов: самобытность социальной рекламы в России
- ↑ Социальная реклама на службе интересов государства
- ↑ «Лаборатория социальной рекламы» в Грозном
- ↑ Лаборатория социальной рекламы утверждает, что дети должны учиться вместе
- ↑ Регионы просят социалки(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 13 июны. Архив 2015-æм азы 10 апрелы.
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- Социалон рекламæйы лаборатори — организацийы официалон сайт.