Перейти к содержанию

Социалон информацийы агентад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

АНО «Социалон информацийы агентад»уæрæсейаг информацион агентад, гражданты социалон бæрнон архайды рухс кæныны специализаци цы кæны, уый. Кусы Мæскуыйы куыд автономон нæкоммерцион организаци 1994-æм азæй фæстæмæ. Йæ сæргълæууæг у журналист Тополева-Солдунова Еленæ. Организаци æмбырд кæны æмæ мыхуыры уадзы граждайнаг инициативæты тæххæй информаци, нæкоммерцион организацитæ, хæрзгæнæг фондтæ, инициативон къордтæ æмæ социалон амалиуæгдарты куысты тыххæй. У Уæрæсейы зæронд æмæ егъау дзыллон информацийы фæрæзтæ ацы фадыджы[1][2].

Агентад бындурæвæрд æрцыд 1994-æм азы Мæскуыйы хæрзгæнæг фондтæ «Адæймаджы уд» æмæ «Алкоголизм æмæ наркоманийæн Нæ», педагогон иугонд «Арвырон» æмæ æмвæндон къорды хъæппæрисæй[3][4].

1994-æм азæй «Социалон информацийы агентад» æххæст кæны уагъдон архайд: уадзы чингуытæ, брошюртæ, æрмæджыты æмбырдгæндтæ, информацион-аналитикон бюллетеньтæ æмæ æндæр электроно æмæ мыхуыргонд рауæгъдтытæ граждайнаг инициатвæты секторæн актуалон темæты фæдыл.

2003-æм азæй МПУ-йы журналистикæйы факультеты периодикон мыхуыры кафедрæимæ разæнгардæй æмкусы, социалон ДзИФ-ы парахаткæныны тыххæй тымбыл стъолтæ æххæст кæнгæйæ.

2009-æм азы агентад сæххæст кодта конференци «НКО-йæн æууæнчы фæуæлдæркæнынад: уæрæсейаг æмæ ’хсæнадæмон фæлтæрæн»[5][6].

Организацийы бындурон архайд у ног хабæрттæ æмæ аналитикон æрмæджыты рауагъд. СИА-йы хызы мидæг ис егъау нæкоммерцион организацитæ, Уæрæсейы 20 регионы цы кусынц, уый. Агентад йæхи архайды здæхты арæнты алыхуызон лæггæдтæ дæтты: рафыст формæйыл кæны æрвылбоны æмæ алкъуырион дайджестытыл, æххæст кæны ног хабæртты тематикон арвыстытæ, заказмæ гæсгæ ног хабæртты æмæ тематикон дайджестытæ цæттæ кæны. Агентады æмкусджытæ социалон организацитæн PR-лæггæдтæ дæттынц, иугæндзон æххæст кæнынц тематикон семинартæ æмæ тренингтæ.

Социалон информацийы агентад цалдæр дæлхайадон проекттæ дæр дары, æмауæдз фадгуыты цы кусынц, уый: æртыккаг секторы æнæ юридикон гоймаг профессионалтæн практикон ресурс «НКО: парахаткæнынады закъæттæ», хæрзгæнæг фондты бæрæггæнæнты базæ «Афтæ æнцонæй», бинонты сидзæрады профилактикæйы портал «Нæ сывæлæттæ», корпоративон ответственности тыххæй сайт «Бизнесы социалон бæрн», партнёрон æхсæнадон ахуыр кæныны проект «Социалон технологиты хъæрмуат».

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]