Сомоса Портокарреро, Анастасио
Анастасио Сомоса Портокарреро | |
---|---|
исп. Anastasio Jesús Somoza Portocarrero | |
Райгуырды датæ | 1951-æм азы 1 февралы (73 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Хуындад | булкъон[d] |
Командæ кодта | Национ гварди[d] |
Анастасио Сомоса Портокарреро (райгуырдис 1951-æм азы 18 декабры Майамийы) у Никарагуæйы фæстаг диктатор Анастасио Сомоса Дебайле æмæ йæ АИШ-æй хаст ус Хоуп Портокарреройы хистæр фырт. Сомосаты фæткмæ гæсгæ хъуамæ йæ фыды фæстæ хицауиуæг райстаид, фæлæ революци тагъддæр æрцыдис.
Ахуыр кодта Гарварды, хæстон дæсниад райста Стыр Британийы.
Анастасио Сомоса Портокарреро зылынгонд у, кæй цы балы къамандыгæнæг уыд, уый адæймаджы бартæ бирæ кæй хæлдта, ууыл. Революци куы ссыгъди, уымæн йæхи идейæ уыд растæг адæмы сæрмæ, сахарты мидæг, бомбæтæ калын. Национ Гварди, йæ разæнгардæй, амардта 30 мин адæймаджы бæрц.
Æндæр Сомосатимæ Анастасио дæр алыгъдис фæсарæнмæ, цардис Лондоны, Парижы, Гватемалæйы. Æндæр Сомосатæ Никарагуæмæ раздæхын куы байдыдтой, уæд Анастасио Сомоса Портокарреройы дæр фæндыди æрбацæуын, фæлæ ныры онг йæ фыдыбæстæ нæ бабæрæг кодта. Уыцы пъланты тыххæй 2000-æм азы æргомæй загъта сандинистон раздзог Даниэль Ортега: «Ахæм визит тæссаг у. Ис ма бирæ адæм, амарын æй кæй фæнды, ахæм»[1]. Йæ фыды амардтой 1980 азы, революцийы уæлахизæй æрмæст иу азы фæстæ.
Усæн райста сальвадораг Марисæ Селаско Оберхольцеры (Marisa Celasco Oberholzer), уый та йын ныййардта иу чызг — Хоуп Сомоса Селаско (Hope Somoza Celasco), æндæр ратæдзæнтæм гæсгæ Анастасиойæн ма ис дыууæ фырты.