Созæтæ
Внешний вид
Созæтæ | |
---|---|
Рагон мыггаг | Сидæмонтæ |
Къорд | Æнтуттæ[1][2] |
Къабæзтæ | Уырымтæ, Пагæтæ, Кæсæбитæ, Тотыккатæ |
Созæтæ[2] (уырыс. Созиевы) сты ирон мыггаг.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Созæты фыдæлтæ фондз æфсымæры уыдысты Æнтуттæй. Цардысты Дæллаг Уыналы. Уырдыгæй алыгъдысты, ныр Цъамад кæм ис, уырдæм. Æфсымæртæ Созæ æмæ Кæсæби, стæй Уырым, Пага, Тотыкк уырдыгæй фæйнæрдæм фæлыгъдысты, фæлæ æрвадиуæг кæнынц абоны онг дæр. Æнтутæй нырмæ цы фæлтæртæ рацыд, уыдон сты: Æнтут — Созæ — Хъази — Хъарадзау — Майрæм — Адзæба — Петр. Таурæгъмæ гæсгæ, Созæтæ æмæ Созайтæ æндæр æмæ æндæр мыггæгтæ сты. Созæтæ (Созиевы) цардысты Уæлладжыры комы; Созайтæ (Созаевы) сты Сындзыхъæуæй.[2]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Хъайттаты Сергей. Ирон хабæрттæ — 3-æм рауагъд — Дзæуджыхъæу: Ир, 2009 — 591 ф.
- ↑ 2,0 2,1 2,2 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.