Сеттльмент

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Сеттльмент кæнæ сетлмент (англ. settlementцæрæнран, кæнт) — афтæ хуындæуы, XIX æнусы — XX æнусы райдианы Китайы иуæй-иу стыр сахарты мидæг хибаргонд сыхтæ (уырыс. кварталы). Уыдон хаццоны лæвæрд уыдысты фæсарæйнаг паддзахæдтæн.

Сеттльмент уыдис экстерриториалон, æмæ хъахъхъæд цыдис, хаццоны йæ чи райста, уыцы паддзахады пъæлицæ æмæ гæрзифтонг тыхты руаджы. Кæд æмæ сеттльменты цæрджыты 95–97% уыдысты китайæгтæ, уæддæр сæ территорийыл Китайы закъæттæ хъомыс нæ дардтой, китайæгтæн та нæ уыдис, кæнты чи æрбынат кодта, уыцы æнæзмæлгæ мулк æлхæныны бар.

Китайы тæккæ стырдæр æмæ зындгонддæр сеттльментæ æрбынат кодтой Шанхайы: АИШ æмæ Британийы иумæйаг сеттльмент (Шанхайы муниципалон советы территори, Банд), Францы сеттльмент æмæ æндæртæ. Ныртæккæ а территоритæ сты уыцы сахарты сæйраг туристон бынæттæ.

Æххæстæй сеттльментæ Китайы юрисдикцимæ бацыдысты 1943-æм азы.