Сау мæлæт
Внешний вид
«Сау мæлæт» — бубонон емынæйы пандеми, Европæйы уыд 1347—1351 азты.
Фæстаг иртæстытæм гæсгæ цыппар азы дæргъы Европæйы цæрджытæй амард 45—50%. Хуссайраг районты та — 75—80%[1]. Мысыры цæрджытæй амардысты 40%[2]. Æдæппæт дунейы цæрджытæй амард 75 милуаны.
Адæм æбуалгъ рыны аххосæгтæ нæ зыдтой æмæ алыхуызон мæнг теоритæ-иу æрымысыдысты. Уыцы теоритæй иу уыд дзуттаг бадзырды тыххæй, ома дзуттæгтæ, дам, цъайтæ смаргджын кодтой. Уыцы зылынгондæй амардтой мингай дзуттæгты, æппæты фылдæр Германы (фæлæ ма Испани æмæ Францы дæр)[3].
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Philip Daileader, The Late Middle Ages, audio/video course produced by The Teaching Company, 2007.
- ↑ Egypt - Major Cities, U.S. Library of Congress
- ↑ „Дзуттаг энциклопеди“ Сау мæлæты тыххæй (англ.)