Саурмаг I

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Саурмаг I
საურმაგი
2-æм Иберийы паддзах
234 нæ э. а. — 159 нæ э. а.
Раздæр чи уыд Фарнаваз I
Фæстæдæр Мириан I

Райгуырдис III æнус нæ эрæйы агъоммæ
Амардис 159 нæ э. а.
Мыггаг Фарнавазидтæ
Фыд Фарнаваз I

Саурмаг I (гуырдз. საურმაგი) уыдис Иберийы дыккаг паддзах Фаранавазидты династийæ, паддзах Фарнавазы фырт.

Профессор Кирилл Тумановмæ гæсгæ йæ хицауиæуæджы рæстæг уыд 239-159 азты нæ дуджы агъоммæ. Гуырдзиаг азгайфыстытæм гæсгæ уæздæтты сусæгвæнды тыххæй алыгъд Дзурдзукы паддзахадмæ, йæ мады цæгат кæм уыд, уырдæм. Фæстæдæр та дзурдзукты, сæрмæттыосеби» гуырдзиаг азгайфыстытæм гæсгæ) æмæ йæ гуырдзиаг фæрсыллæуджыты фæрцы[1] паддзахы бынат фæстæмæ райста, гадзрахаттæй йæ бæстæ асыгъдæг кодта æмæ ног уæзданад сфæлдыста, бынтон йæ къухы чи уыд, ахæм. Куыд æнхъæлынц, Саурмагæн хион фырт нæ уыди, æмæ уый тыххæй йæ бынтæ райста йæ кæнгæ фырт Мириан.[2]

Профессор Явус Ахмадов куыд амоны, Саурмаджы номæн ис ирайнаг равзæрд. Стæй ма куыд хъуыды кæны, афтæмæй йæ царды (хицауиуæггæнæны нæ фæлæ) азтæ уыдысты 237-162 азтæ нæ дуджы агъоммæ, уый тыххæй æмæ 72 азы дæргъы кæй хицаиуæг кодта, уый æууæндгæ нæу. Саурмагы хицауиуаджы фæстæг азтæ, йæ фыд Фарнавазы фæстæг азтау, абæрæг уыдысты Иберийы зæххыты уæрæхдæр кæнынадæй. Скæсæнырдыгæй йæ хай систы Эретийы зæххытæ, албайнаг знæмтæ кæм цардысты, нахаг-дагъистайнаг æвзагон къордмæ чи хауынц, уыдон. Афтæ Иберийы скæсæйнаг сыхæг сси Антропатенæ, хуссайраг Сомихыстон, ныгуалæны та Понты паддзахад. Фæлæ æгæр тыхджын уæзданадимæ мидаггæг тохы тыххæй æвæндонæй алыгъд йæ паддзахадæй. Стæй та йæ фарсыллæуджытæй стыр æфсад æрымбыргæйæ æвиппайды Картлимæ ныббырст, æмæ йе фсады бæрц æмæ ныббырсты æвиппайдыдзинады руаджы æнцонæй уæлахиздзау сси.[3]

Йе знæгтæн сæ иу хай ныххатыр кодта, иннæты та ныццагъдта. Скодта хицауады системæйы реформæтæ, зæронд элитæты æрлæмæгъ кодта, лæггæдгæнджыты хайад та сыстыр кодта. Радта бирæ кад æмæ зæххытæ дзурдзуктæн. Ноджы ма дзурдзукты Къахет æмæ Картлийы цæгаттаг районтæм хонын байдыдта.[4]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Явус Ахмадов. Царь Саурмаг - правитель Иберии и дурдзуков // Вестник «Лам». — 2001. — № 7 (11).
  2. Rapp, Stephen H. (2003), Studies In Medieval Georgian Historiography: Early Texts And Eurasian Contexts. Peeters Bvba, ISBN 90-429-1318-5, 281-æм фарс.
  3. Явус Ахмадов. Царь Саурмаг — правитель Иберии и дурдзуков // Вестник «Лам». — 2001. — № 7 (11).
  4. Явус Ахмадов. Царь Саурмаг — правитель Иберии и дурдзуков // Вестник «Лам». — 2001. — № 7 (11).