Перейти к содержанию

Сарат

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сарат

Сарат[1] кæнæ æвзисты нитрат (уырыс. нитрат серебра, ляпис[2]) у буаргъæд, æвзист æмæ азоты туагады цæхх.

Ирон хос

[ивын | Бындур ивын]

Хъæдгомыл ма æвæрдтой сарат. Уый йын калдта йе ’взæр фыд, хæлдта йæ. Уымæ гæсгæ ма йæ хуыдгой хæлæнхос дæр. «Хъæдгом мæнггас куы кæна, уæд ыл хатт сарат кæнын бахъæуы». Саратæй ма пайда кодтой стæгхъæнтæ сыгъдæг кæнынæн дæр, уый йын калдта йæ цъæлфыд.[2]

Географи

[ивын | Бындур ивын]

Дзырд «сарат» æмбæлы куыд бынаты ном, афтæ Цæгат Ирыстоны ХъобангомыСараты хъæд. Æмбæлы ма Чермены зарæджы варианттæй иуы: «Сараты хъæд залымджын, сыфджын. Æдылы Тлатты Чермен скодта галджын æмæ фысджын». Зарæджы ныхæстæм гæсгæ, сарат уыд цавæрдæр минерал, кæнæ кæрдæджы ном, уый арæх уыд, Сараты хъæд кæй хуыдтой, уым.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. III том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1979.
  2. 2,0 2,1 2,2 Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.