Перейти к содержанию

Саламтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Саламтæ
Æндæр вариант Саламатæ
Рагон мыггаг Æгъуызатæ/Кусæгонтæ
Кæм цардысты Донысæр, Хохы Хъахъхъæдур
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Саламтæ, вариант Саламатæ[1] (уырыс. Саламовы, тур. Kanıgür, Saral[1]) сты ирон мыггаг.

Саламты мыггаг царди Уæлладжыры комы Донысæр æмæ Уыналы. Иу рæстæджы Саламты цыппар æфсымæры цуанæй куы æрцæйздæхтысты, уæд сыл хъæуыхицау амбæлд æмæ сæ бафарста иумæйаг куысты, хид аразыны хъуыддаджы, зæгъ, хайад цæмæннæ райстат? Уыдон ын дзуапп радтой: «Ницы фехъуыстам».

Фæлæ сæ хъæуыхицау бафхæрдта. Æфсымæртæ йын нæ ныббарстой се ’фхæрд æмæ йæ амардтой. Сæхæдæг алыгъдысты Дæргъæвсы коммæ. Иу ран сæ улæфт уадзынмæ иу стыр дуры цур æрбадтысты. Уыцы рæстæджы сæ сæрты халон атахт хъуахъгæнгæ. Æфсымæртæ сцин кодтой, уый зæгъы, халон дурæн дзуры, хъахъхъæн сæ, зæгъгæ. Æфсымæртæ ам æрцардысты, бынат схуыдтой Хъахъхъæдур, XVII æнусы кæрон æмæ XVIII æнусы райдианы Хъахъхъæдурæй Дыгуры коммæ алыгъдысты Саламтæй дыууæ æфсымæры: Орса æмæ Салат, Хъахъхъæдуры кæй фæтуджджын сты, уымæ гæсгæ. Уыдон сты Дыгургомы цы Саламтæ цæры, уыдоны фыдæлтæ. Æндæр таурæгъмæ гæсгæ, Гæгкутæ, Дзæгъойтæ, Фадзайтæ æмæ Саламтæ Хуссар Ирыстоны цæрæг иу артæй байуаргæ æфсымæртæй равзæргæ мыггæгтæ сты.Уырдыгæй ралыгъдысты, кæимæдæр кæй фæтуджджын сты, уый тыххæй. Æрбалыгъдысты Дыгуры коммæ, æрцардысты Мæхческы. Уырдыгæй Фадзайтæ алыгъдысты Хæнæзы хъæумæ. Дзæгъойтæ æмæ Гæгкутæ та баззадысты Абысалтæм кусгæйæ. Абысалтæ быдырмæ куы алыгъдысты, уæд сын сæ зæххытæй бирæ бахай кодтой, афтæмæй Дзæгъойтæ æмæ Гæгкутæ систы Мæхческы бындурон цæрджытæ. Дыгургомы цæрæг Дзæгъойтæ, Гæгкутæ æмæ Фадзайты адæмтæ абон дæр сæхицæн хæстæгыл нымайынц, Хуссар Ирыстоны цы Зæгъойтæ æмæ Саламтæ цæры, уыдоны.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.