Перейти к содержанию

Садальский, Станислав Юрийы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Станислав Юрийы фырт Садальский
Райгуырды датæ 1951-æм азы 8 августы(1951-08-08)[1] (73 азы)
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад
Професси актёр, журналист, блогер, телеамонæг, радиоамонæг, амонæг, ютубер
Карьерæ 1973
Хорзæхтæ
IMDb ID 0755409
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Станислав Юрийы фырт Садальский (уырыс. Станислав Юрьевич Садальский; 1951-æм азы 8 августы, Чувашы АССР, Батыревойы район, хъæу Чкаловское) у советон æмæ уæрæсейаг актёр. УСФСР-ы сгуыхт артист (1991).

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Станислав райгуырдис, скъолайы æмдзæрæны чи царди, уыцы ахуыргæнджыты бинонты ’хсæн. Йæ мад уыди географийы ахуыргæнæг, фыд та — физкультурæйы.

Цалынмæ ГИТИС-мæ нæ бацыди, уæдмæ Садальский куыста Ярославлы моторон заводы, зырнæйзилæджы ахуыргæнинагæй æмæ хъазыди, Мотораразджыты культурæйы галуаны цур чи уыди, уыцы драмон аивады къорды спектакльты.

1968-æм азы Станислав бацыди Театралон аивады паддзахадон институтмæ æмæ йæ каст фæци 1973-æм азы. 1973–1981-æм азты уый куыста театр «Современник»-ы. Уыцы театрæй куы ацыди, уæдæй рацыд 20 азы, афтæмæй фæстæмæ райдыдта хъазын театры сценæйыл. Йæ антрепризон спектакльтæ тынг цæуынц театрдзауты зæрдæмæ.

Кинойы активонæй хъазы 1971-æм азæй. Фылдæр ын уыди комедион æмæ характерон рольтæ. Актеры тæккæ æнтыстджыныл нымад у мæнæ ацы дыууæ фильмы рольтæ: телефильм «Место встречи изменить нельзя» æмæ киноныв «О бедном гусаре замолвите слово».

Фысгæ сфæлдыстад

[ивын | Бындур ивын]

Станислав Садальскийæн рацыди биографион чиныг «Король скандала». Йæ рæстæджы ма акуыста журналистæй: «Экспресс-газета»-йы йын уыди хицæн рубрикæ — «Скандальские новости».

Политикон архайд

[ивын | Бындур ивын]

2006-æм азы октябры, Уæрæсейы чи цæры, уыцы гуырдзиæгтыл хицауады ’рдыгæй контроль куы факарздæр ис, уæд Садальский балæвæрдта курдиат Гуырдзыстоны минæварадмæ, цæмæй йын лæвæрд æрцæуа уыцы паддзахады граждандзинад («гуырдзиаг адæмæн зын сахат феххуысы охыл»).

2007-æм азы февралы йын лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны Намысы орден æмæ паддзахады кадджын граждандзинад. 2007-æм азы декабры Гуырдзыстоны цы президентон æвзæрстытæ уыди, уым Садальский уыди Саакашвили Михаилы æууæнчы лæг (уырыс. доверенное лицо). Уыимæ актёр цæры æмæ кусы Уæрæсейы æмæ иудадзыг Гуырдзыстоны цæрынмæ цæуын нæ хъавы.

2008-æм азы августы хæсты рахæцыди Гуырдзыстоны фарс.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

LJ-авторstanis-sadalблог «LiveJournal»-ы, автор: Станислав Садальский

  1. Исаев Ю. Н. Чувашская энциклопедия (уырыс.)Чувашское книжное издательство, 2006. — 2567 с. — ISBN 978-5-7670-1471-2