Уырысыфикаци
Внешний вид
(Русификаци-æй æрвыст)
Уырысыфикаци у культурон ассимиляцийы ахæм хуыз, исты бæстæйы кæнæ адæмы цæрджытæ, бархи кæнæ тыхмийæ, се 'взаг æмæ культурæ уырыссаг æвзаг æмæ культурæмæ куы ивынц.
Тыхмион уырысыфикаци бынат иста XIX-æм æнусы Уæрæсейы империйы бирæ рæтты, æппæтæй фылдæр йыл архайдтой раздæры Речь Посполитæйы (Польшæ æмæ Литвæ) æмæ Финляндийы.
Уырысыфикацийы сæйраг мадзæлттæ уыдысты куыд æвзагон политикæйы, афтæ динон æмæ ахуырадон дæр. Афтæ Литвæ æмæ Польшæйы хæлдтой католикон аргъуæнттæ æмæ сæ бынаты растуырнон-иутæ амадтой, ивар кодтой латинаг алфавиты пайда кæнынад, æмæ бынатон æвзæгтæ ахуырадон сферæйæ истой.