РЦИ — Аланийы сгуыхт юрист

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Кадджын ном «РЦИ – Аланийы сгуыхт юрист» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.

Дæттынц æй дæсныйадмæ гæсгæ æппынкъадæр 15 азы чи бакуыста, уыцы дæсны юристтæн закъонад æмæ барадон фæтк фидар кæныны, адæмы бартæ æмае закъонон интерестæ хъахъхъæныны, юридикон зонæдты райрæзты æмæ юридикон кадртæ цæттæ кæныны хъуыддаджы æнтыстдзинæдты тыххæй.

Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».