Перейти к содержанию

РЦИ — Аланийы сгуыхт экономист

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Кадджын ном «РЦИ – Аланийы сгуыхт экономист» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.

Дæттынц æй дæсныйадмæ гæсгæ æппынкъаддæр 15 азы чи бакуыста куыстуæтты, кусæндæтты, паддзахадон хицаудзинады æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты, уыцы дæсны кусджытæн экономикæйы æмæ финансон архайды, экономикон наукæйы, райрæзты æмæ кадртæ цæттæ кæныны хъуыддаджы стыр сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».