Перейти к содержанию

РЦИ — Аланийы сгуыхт металлург

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Кадджын ном «РЦИ – Аланийы сгуыхт металлург» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.

Дæттынц æй:

  • згъæркуысты продукци рауадзыны, йæ хъæд фæхуыздæр кæныны куысты æмæ фæллойы æнтысындзинады бæрц фæфылдæр кæныны хъуыддаджы стыр бæрæггæнæнтæ кæй къухы бафтыд, стæй сæйраг металлургон агрегаттыл æппынкъаддæр 10 азы чи кусы, уыцы дæсны кусджытæн æмæ мастертæн;
  • техникæ æмæ технологи нывыл кæныны, стæй куыстадæн фадæттæ аразыны хъуыддаджы уæлдайдæр чи фесгуыхт, хæрзхъæд продукци рауадзыны, фæллойы æнтысындзинад, æмæ куыстады ахадындзинад фæфылдæр кæныны хъуыддагмæ стыр æвæрæн чи бахаста, стæй кьабазы æппынкъаддæр 15 азы чи кусы, згъæркуысты куыстуæтты, иугæндты, зонадон-иртасæн, проектон-конструкторон æмæ æндæр кусæндæтты уыцы кусджытæн, мастертæн æмæ инженерон-техникон кусджытæн;
  • техникæ, технологи, куыстадæн æмæ фæллойæн фадæттæ аразыны стæй згъæркуысты индустрийæн кадртæ цæттæ кæныны куыстмæ стыр æвæрæн чи бахаста, куыстуæтты, ахуыргæнæндæтты, зонадон-иртасæн, проектон-конструкторон æмæ æндæр кусæндæтты æппынкъаддæр 15 азы чи кусы, уыцы дæсны зонадон æмæ зонадон-педагогон кусджытæн.

Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».