РЦИ — Аланийы сгуыхт артист
Внешний вид
Кадджын ном «РЦИ — Аланийы сгуыхт артист» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.
Дæттынц æй, ролтæ хъазыны куысты стыр æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафтыд, мидисджын аивадон фæлгонцтæ, спектаклтæ кино- æмæ теленывтæ чи сарæзта, РЦИ — Аланийы аивады райрæзтæн кæй архайд ахъаз кæны æмæ ацы къабазы æппынкъаддæр 15 азы чи бакуыста, театры, кинойы, телеуынынады, радиохъусынады, цирчы æмæ эстрадæйы уыцы артисттæн æмæ режиссёртæн, стæй оркестрты æмæ ансамблты дирижёртæн, музыканттæ æмæ солисттæн.
Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».