Пысыра

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Пысыра
Пысыра
Зонадон классификаци
Паддзахад: Зайæгойтæ
Хайад: Дидинæгджын зайæгойтæ
Кълас: Дыхайон зайæгойтæ
Къорд: Мæтæгдидинонтæ
Бинонад: Пысырахуызтæ
Мыггаг: Пысыра
Латинаг ном
Urtica L.
ITIS 19151
NCBI 3500

Пысыра, дыгур. пусура, пурса (лат. Urtica) хъæздыг у алыхуызон витаминтæ æмæ микроэлементтæй. Ис дзы: витаминтæ К, С æмæ В гликозид, пантотены туагад, эфиры зетитæ, сæкæр, æфсæйнаг, кальций, калий, сондон æмæ æндæртæ.

Пысыра адæмон медицинæйы[ивын | Бындур ивын]

Пысырайы сыфты дон хорз ахъаз у туг буарæй æддæмæ куы фæхъары, уæд уый ныууромынæн, доны хуыпп цæмæй тагъддæр æвзæра, уымæн, буары тæвд æрæппарынæн, хъæдгæмттæ тагъддæр байгас кæнынæн.

Æндыснæгæй чи фæсæйы, уымæн йæ фæтасæнтæ тынг куы фæриссынц, уæд уыцы риссаг бынæттыл пысырайы сыфтæ куы сæвæрай, уæд сæ рыст иуцасдæр фæкъаддæр вæййы. Уæдæ йæ уидæгты цы сæкæр ис, уый æххуысæй та фæрогдæр вæййы рынчыны хуыфæг, йæ хæппæр феуæгъд вæййы æмæ æнцондæрæй схауы.

Пысыра куыд традицион хæринаг[ивын | Бындур ивын]

Пысырайы æвзартæм ахæрынмæ цы ирон лæг нæ бабæллы, ахæм бирæ нæй, адджынæн сæ фæхæрынц æууæрцъыгондæй.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]