Пухатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Пухатæ[1] кæнæ Пухтæ[1] (уырыс. Пухаевы, Пуховы, гуырдз. ფუხაშვილი[1]) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Пухаты фыдæлтæ Уæлладжыры комæй ралыгъдысты, Садонæй. Рацыдысты сæхицæн хуыздæр бынат агурæг. Æрцардысты ныры Тменыхъæуы Хъæнийыастæу Пухаты хъæууаты. Уым нæзы хъæд уыд. Ныццагътой хъæд æмæ дзы æрцардысты. Иу ахæмы сæ дон раласта, æмæ уæд сæ иутæ Хъæнимæ слыгъдысты, иннæтæ та Млетыхъæумæ. Пухаты мыггагæй иутæ æрцарди Стыр Леуахийы комы, Тлийыхъæуы. Садоны ма куы цардысты, уæд сæхи иууылдæр хуыдтой Пухатæй, фæлæ Тлийы куы æрцардысты, уæд сæ иу, йæ ном уыд Мæргъи, йæ цæуæты мыггаг схуыдта йæхи номæй — Мæргъитæ. Мæргъитæ Тлийы баззадысты, Пухатæ та ралыгъдысты быдыры хъæутæм — Елтурамæ, Схлитмæ, Сарабукмæ. Иу хай та дзы алыгъд Карелы районы Цъуермæ. Мæздæгмæ дæр дзы алыгъд. Мæздæджы цы Пухатæ цæры, уыдон уырыссагау фыссынц Пуховы, иннæ Пухатæ та — Пухаевы.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 1,2 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.