Пруссийы зонæдты академи

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Пруссийы зонæдты академи (нем. Preußische Akademie der Wissenschaften) (ноджы ма йæ хуындæуы Берлины зонæдты академи) у, 1700-æм азы 11 июлы Берлины сахары йæ бындур кæмæн сæвæрдæуыдис, уыцы Академи. Ацы уагдон саразыны тыххæй барамынд сфидар кодта Пруссийы курфюрст Фридрих I. Йæ сарæзтыл разæнгардæй бацархайдта, йæ фыццаг президент чи ссис, уыцы Лейбниц. Академийы фыццаг ном уыдис Бранденбурджы курфюрсты Зонадон æхсæнад (нем. Kurfürstlich Brandenburgische Societät der Wissenschaften). Ном æрхъуыдыгæнæг уыдис Лейбниц. Къарол не сразы ис Академийы архайдæн æхцайæ æввонг кæнын, фæлæ уый бæсты ратта йын къæлиндартæ мыхуыр кæныны монополон бар Бранденбурджы.

1701-æм азы Фридрих ссис Пруссийы къарол, æмæ уымæ гæсгæ аивдæуыдис Академийы ном — Пруссийы къаролады зонадон æхсæнад (нем. Königlich Preußische Sozietät der Wissenschaften). Зонадон иртасæнтæ аразынæн Æхсæнадæн лæвæрд æрцыдис обсерватори (1709), анатомион театр (1717), ботаникон дыргъдон (1718).

1710-æм азы сфидар чындæуыдис академийы уагæвæрд (йæ тыхы уыдис 1830-æм азы онг). Бирæ рæстæджы дæргъы æхсæнады зонадон репутаци уыдис ныллæг. Уымæн йæ аххосæгтæй иу уыдис уый, æмæ йын æхца фаг хицæнгонд кæй нæ цыдис.

1744-æм азы, Фридрих II-æм уæдмæ къарол уыдис, афтæмæй уагдонæн рардæуыдис ног ном — Къаролады зонæдты академи (нем. Königliche Akademie der Wissenschaften). Дзæвгар фæхуыздæр ис йæ финансон уавæр, фæуæрæхдæр чындис йæ къабæзтæ, уагдонæн рардæуыдис лаборатори. (1753). Академийы куысты архайынæн, стæй йын разамынд дæттынæн æрбахуындæуыдис раззагкълассон ахуыргæндты. XIX æнусы Пруссийы Академи уыдис авторитетджын зонадон уагдон.

XX æнусы, нацистты хицауиуæджы заман, Академийы кусджытæ расæмæ гæсгæ æрцыдис «сыгъдæггонд». Хæсты фæстæ йæ бындурыл сарæзтæуыдис Германы зонæдты академи (нем. Deutsche Akademie der Wissenschaften, 1946), 1972-æм азы та йын ногæй аивдæуыдис йæ ном æмæ ссис ГДР-ы зонæдты академи (нем. Akademie der Wissenschaften der DDR). Германы баиуы фæстæ уагдон хуындæуы Берлин-Бранденбурджы зонæдты академи (1992).

Академийы зындгонд уæнгтæ[ивын | Бындур ивын]

Готфрид Вильгельм Лейбниц — 1700

Дмитрий Кантемир — 1714

Леонард Эйлер — 1741

Пьер Луи де Мопертюи — 1742

Жан Лерон Даламбер — 1745

Шарль Луи де Монтескьё, фæсарæйнаг уæнг — 1746

Дени Дидро, фæсарæйнаг уæнг — 1751

Иоганн Генрих Ламберт — 1763

Иммануил Кант — 1786

Вольтер —1750-æм азмæ æввахс

Готхольд Эфраим Лессинг, фæсарæйнаг уæнг — 1769

Александр фон Гумбольдт — 1786

Фридрих Шлейермахер — 1810

Братья Гримм, Якоб и Вильгельм — 1840

Карл Густав Якоб Якоби — 1844

Карл Вейерштрасс — 1856

Герман Гельмгольц, уæнг-корреспондент — 1857; фæсарæйнаг уæнг — 1870; æцæг уæнг — 1871

Теодор Моммзен — 1857

Фердинанд Георг Фробениус — 1893

Макс Планк — 1894

Карл Шварцшильд — 1912

Альберт Эйнштейн — 1914

Макс фон Лауэ — 1919

Отто Ган — 1924