Погос Таронеци

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Погос Таронеци
сом. Պողոս Տարոնեցի
Райгуырды датæ XI æнус
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1123
Мæлæты бынат
Зонады къабаз теологи[d]

Погос (Павел) Таронеци (сом. Պողոս Տարոնեցի) — сомихаг теолог, философ, зынгæ аргъуаны архайæг XI—XII æнусты.

Цард æмæ аивад[ивын | Бындур ивын]

Райгуырдис Тароны бæстæйы XI-æм æнусы æмбисы. Уыдис Сыгъдæг Апостолты моладзаны къухдариуæг Мусы, хаста вардапеты (архимандриты) титул. Зынгонд сси йæ анти-халкидонон æмæ анти-тонтракийон уацмысты руаджы. Таронеци иуыл зынгæ уацмыс у «Ромеон философ Феописты ныхмæ æрвыстæг» (сом. «Թուղթ ընդդէմ Թէոփիստեայ հոռոմ փիլիսոփայի»)[1]. Уыцы полемикон куыст уыд фыст сасуны æлдар Чордванел Мамиконяны, Торничы фырты (10731120) курдиатмæ гæсгæ, уый уыд дзуапп бердзенаг философ Феописты куыстæн[2].

Уацмысы фыццаг хайы Таронецы дзуры теологон фарстыты тыххæй, критикæ кæны Халкидоны æмбырды уынаффæтæ, дыккаг хайы анализ кæны фарстытæ, кæдон баст сты аргъуаны бæрæгбонтимæ, дзуры ахсджиаг хабæрттыл тондракиæгты, манихейты æмæ цатты протестанон змæлды тыххæй, кæцы парахат кодта уыдис Сомихы. Уыцы уацмыс ын æрбахаста стыр зынгæдзинад сомихаг сауджынты æхсæн. Смбат Спарапет æй хуыдта «цытджын вардапет», Маттеос Урхаеци та йæ хуыдта сомихæгты «дыккаг рухстауæг»[3]. 1122-æм азы Таронеци фæуæрæхдæр кодта «Æрвыстаг»[æнæхъуыст термин], бафтыда йæм ног полемикон ныхæстæ. Куыст мыхуыры рацыд Константинополы 1752-æм азы (Ованес Чнчины рауагъдад, 358 фарсы). «Æрвыстаджы» йеддæмæ ма Погос Таронацийæн баззад æндæр уацмыстæ дæр, сæрмагондæй:

  • «Аргъуаны цытнæмтты барлæвæрд» (сом. «Վերլուծութիւն կարգաց եկեղեցւոյ»),
  • «Дыууиссæдзбонон мархо» (сом. «Յաղագս քառասնորդաց պահոց»),
  • «Раззаг мархойы тыххæй» (сом. «Յաղագս առաջաւորաց պահոց»),

кæдон нырма мыхуыргонд не ’рцыдысты. Уымæй уæлдай ма зындгонд уыдис йæ музыкалон аивады руаджы, Таронеци сарæзта фыццаг æмбырдгонд сомихаг аргъуаны гимнтæ — «Шаракан». Амардис 1123-æм азы, баныгæдтой йæ Сыгъдæг Апостолты моладзандоны Мусы.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Арутюнова-Фиданян В.А. К вопросу об авторстве «Послания к Захарии» // Византийские очерки. М., 1996.
  2. Устян А. Р. Византийская империя и место в ней армян-халкидонитов. // Армянство в условиях глобального общества: геополитические и цивилизационные аспекты. М., 2002.
  3. Энциклопедия Христианская Армения, Պողոս Տարոնեցի, Ереван, 2002, стр. 867.