Пизæйы мæсыг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хаугæ мæсыг

Пизæйы мæсыг (итал. Torre pendente di Pisa) у дзæнгæрæгджын мæсыг, у Пизæйы сахары Санта-Мария Ассунтæйы аргъуаны ансамблы хай. Мæсыджы арæзтад фæци 1360-æм азы. Амаддзагæн радтой «Хаугæ мæсыджы» ном. Зындгонд та сси, къулгонд кæй у æмæ уый охыл цыма «хаугæ» кæны, уыйау кæй зыны, уый тыххæй.

Мæсыгæн йæ бæрзонддæр фарсы ’рдыгæй йæ бæрзæнд у 56,7 метры, ныллæгдæр фарсы ’рдыгæй та — 55,86 метры. Бынæй мæсыджы уæрх у 4,09 метры, уæлейы та — 2,48 м.

Амаддзаджы массæ ахуыргæндтæм гæсгæ у 14453 тоннæйы. Мæсыджы ныртæккæйы фæкъулы бæрц у 5° (ома æмуырдыг хаххæй фæиуварс 4,9 метры). Мидмæсыджы асинæн ис 294 къахæвæрæны.

Мæсыджы арæзтад[ивын | Бындур ивын]

Мæсыг арæзтой æртæ этапæй. Райдыдтой йæ аразын 1173-æм азы 9 августы, дыууæ хатты дæргъвæтин рæстæгмæ куыст урæд кæй уыди, уый фыдæй куыст ныддаргъ 1360-æм азмæ, ома агъуыст саразынæн æдæппæтæй бахъуыди 200 азы. Мæсыг у католикон аргъуан Campo dei Miracoli-йы (диссæгты быдыр) дзæнгæрæгдон. Проекты автор бæрæг нæу.

Раздæр нымад уыди, зæгъгæ, мæсыг къулгонд кæй у, уый æвæрд уыди проекты мидæг, фæлæ ныртæккæ ацы верси банымадæуыд æнæрастыл. Мæсыг спроект чынди «вертикалонæй», фæлæ аразыны рæстæг райдыдта къул кæнын.

Куыд йæ фæкъулы, афтæ йæ хæдхуыз архитектурæйы фæрцы мæсыгмæ, йæ сарæзтæй фæстæмæ, уыди лæмбынæг цæстдард. Иудадзыгдæр инженертæ архайдтой мæсыг фæфидардæр кæныныл. Зæгъæм, цалдæр хатты ивд æрцыдысты йæ хæлгæ колоннæтæ. Ныртæккæ фылдæр æххæстгонд цæуынц, бындур чи хъуамæ бафидар кæна, ахæм зæххыбыны куыстытæ.