Перуйы географи
Внешний вид
Перу у паддзахад Хуссар Америкæйы. Цæгат-ныгуылæны æмарæн у Эквадоримæ, цæгаты Колумбиимæ, скæсæны Бразилиимæ, хуссар-скæсæны Боливи æмæ Чилиимæ. Ныгуылæны йæ былтæ æхсы Сабыр фурд.
Паддзахады фæзуат у 1 285 220 км². Арæны иумæйаг дæргъ у 5536 км (Боливиимæ иумæйаг арæны дæргъ — 900 км, Бразилиимæ — 1560 км, Чилиимæ — 160 км, Колумбиимæ — 1496 км, Эквадоримæ — 1420 км). Бæлгæроны хаххы дæргъ у 2414 км.
Рельеф: былгæрон быдырты æртæрдыгæй ис бæрзонд æмæ æмуырдыг Андæтæ (Ныгуылæн æмæ Скæсæн Кордильерæ); Амазонкæйы цæугæдоны бассейны ис джунглиарæх егъау дæлвæз.
Бæстæйы уæлдæр цъупп у Уаскаран (Nevado Huascaran) — 6768 м.