Пассарелла, Даниэль Альберто
| ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Иумæйаг информаци | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æнæхъæн ном | Даниэль Альберто Пассарелла | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Фæсномыг | Стыр капитан (исп. El Gran Capitán), Кайзер (исп. El Kaiser), Раздзог (исп. El Caudillo) | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Райгуырдис |
1953-æм азы 25 майы[1][2][…] (71 азы) |
|||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æмбæстонад | Аргентинæ | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Ас | 173[3] см | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Уæз | 70 кг | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Позици | хъахъхъæнæг | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Клубы тыххæй информаци | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Клуб | Ривер Плейт | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Куысты бынат | президент | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
|
||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Викикъæбицы медиа |
Даниэ́ль Альбе́рто Пассаре́лла (исп. Daniel Alberto Passarella, райгуырдис 1953-æм азы 25 майы Чакабукойы сахары, провинци Буэнос-Айрес Аргентинæйы) у аргентинаг футболист æмæ футболон тренер, хъазыдис куыд астæуккаг хъахъхъæнæг, хъомыл кодта Аргентинæ æмæ Уругвайы националон иугонд командæтæ. Пассарелла у, дыууæ хатты дунейы чемпионат чи рамбылдта, иунæг ахæм Аргентинæйы иугонд командæйы хъазæг (1978 æмæ 1986 азты), 1978-æм азы дунейы чемпионаты дæргъы уыдис иугонд командæйы капитан. 2009-13 азты аргентинаг клубæн «Ривер Плейт» йæ президент уыдис.
Пассарелла нымад у футболы историйы мидæг хуыздæр хъахъхъæнджытæй иуыл, уый бакъуырдта 134 голы 451 матчы дæргъы æмæ уымæй сси дунейы 2-æм ахæм хъахъхъæнæг (æрмæстдæр Рональд Куманы къухы бафтыд фылдæр голтæ бакъуырын). Ныллæггомау хъазæг (173 см), уый хорз хъазыдис йæ сæрæй дæр.
Хъазæджы карьерæ
[ивын | Бындур ивын]Клубтæ
[ивын | Бындур ивын]Даниэль Пассарелла хъазын байдыдта чысыл клуб «Сармьенто»-йы Буэнос-Айресы провинцийы, фæстæдæр рацыдис «Ривер Плейт»-мæ. Уый фæстæ хъазынмæ ацыдис Италимæ, уым æнтыстджынæй хъазыдис «Фиорентинæ» æмæ «Интер»-ы сконды. Йæ карьерæ фæци «Ривер Плейт»-ы.
Иугонд командæ
[ивын | Бындур ивын]Пассарелла уыд Аргентинæйы иугонд командæйы капитан, уыцы командæ фыццаг хатт дунейы чемпионат куы рамбылдта, уæд. Афтæмæй уый сси, дунейы чемпионаты хъалац йæ къухтæм чи райста, фыццаг ахæм аргентинаг футболист.
Тренеры карьерæ
[ивын | Бындур ивын]Йæ карьерæ куы фæци, Пассарелла кусын райдыдта куыд «Ривер Плейт»-ы тренер. Ацы клубимæ рамбулдта цалдæр чемпионты титултæ. Йæ бынатæй ацыдис 2007-æм азы ноябры, йæ клуб куы фембылды ис Хуссар Америкæйы хъалацыл ерысы, уæд.
2018-æм азы Пассарелла загъта, тренер ногæй суын кæй цæттæ у, уый; уæд бирæтæ хъуыды кодтой æмæ «Монтеррей»-ы кусдзæнис, фæлæ, куыд рабæрæг, ацы клубы разамонджытæн сæ зæрдæмæ иннæ тренер фæцыдис тынгдæр[4].
Статистикæ
[ивын | Бындур ивын]Клубты
[ивын | Бындур ивын]Клуб | Сезон | Чемпионат | Хъалац | Континенталон турнир |
Æдæппæт | |||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Дивизион | Хъæзтытæ | Голтæ | Хъæзтытæ | Голтæ | Хъæзтытæ | Голтæ | Хъæзтытæ | Голтæ | ||
Ривер Плейт | 1974 | Примера Дивисьон | 22 | 5 | – | – | 22 | 5 | ||
1975 | 29 | 9 | – | – | 29 | 9 | ||||
1976 | 35 | 24 | – | 1 | 35 | 24 | ||||
1977 | 40 | 13 | – | 1 | 40 | 13 | ||||
1978 | 19 | 4 | – | 1 | 19 | 4 | ||||
1979 | 38 | 9 | – | – | 38 | 9 | ||||
1980 | 41 | 12 | – | 0 | 41 | 12 | ||||
1981 | 42 | 14 | – | 1 | 42 | 14 | ||||
Æдæппæт | 266 | 90 | 0 | 0 | 4 | 94 | ||||
Фиорентинæ | 1982/1983 | Сери A | 27 | 3 | 5 | 0 | 2 | 0 | 34 | 3 |
1983/1984 | 27 | 7 | 7 | 1 | – | 34 | 8 | |||
1984/1985 | 26 | 5 | 6 | 3 | 3 | 1 | 35 | 9 | ||
1985/1986 | 29 | 11 | 7 | 4 | – | 36 | 15 | |||
Æдæппæт | 109 | 26 | 25 | 8 | 5 | 1 | 139 | 35 | ||
Интернационале | 1986/1987 | Сери A | 23 | 3 | 8 | 4 | 7 | 1 | 38 | 8 |
1987/1988 | 21 | 6 | 8 | 1 | 6 | 0 | 35 | 7 | ||
Æдæппæт | 44 | 9 | 16 | 5 | 13 | 1 | 73 | 15 | ||
Ривер Плейт | 1988/89 | Примера Дивисьон | 32 | 9 | – | – | 32 | 9 | ||
Æдæппæт карьерæйы дæргъы | 451 | 134 | 41 | 13 | 6 | 153 |
Иугонд командæйы
[ивын | Бындур ивын]Аргентинæ | ||
Аз | Хъæзтытæ | Голтæ |
---|---|---|
1976 | 6 | 2 |
1977 | 7 | 3 |
1978 | 13 | 4 |
1979 | 11 | 5 |
1980 | 9 | 3 |
1981 | 4 | 1 |
1982 | 9 | 3 |
1983 | 0 | 0 |
1984 | 0 | 0 |
1985 | 8 | 1 |
1986 | 3 | 0 |
Æдæппæт | 70 | 22 |
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Daniel Passarella // Transfermarkt (цалд.) — 2000.
- ↑ Daniel Passarella // FBref.com (цалд.)
- ↑ daniel passarella(недоступная ссылка). River Plate – rivermillonarios.com.ar. Датæ: 2013-æм азы 16 январы. Архив 2013-æм азы 3 декабры.
- ↑ Si voy a Rayados es para ser campeón: Passarella (исп.)
- 25 майы чи райгуырдис, уыдон
- 1953-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Буэнос-Айресы провинцийы чи райгуырдис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Спортсментæ алфавитмæ гæсгæ
- Футболисттæ алфавитмæ гæсгæ
- Футболон тренертæ алфавитмæ гæсгæ
- ФК «Интернационале»-йы хъазджытæ
- ФК «Монтеррей»-ы тренертæ
- ФК «Толука»-йы тренертæ
- ФИФА 100
- Аргентинæйы футболисттæ