Пакъуысындз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Пакъуысындз у зайæгойы ном. Уый зайы хус ран æмæ саумæры. Куыддæр сзыны, афтæ райдайы къабузтæ уадзын æмæ къутæры хуызæн свæййы, йæ зæнгыл лæгъз бынат нæй, иууылдæр у сындзæй æмæхгæд. Бæрзонд нæ цæуы, йæ къалиуыл дæр зайы бур-сырхгонд дидинæг. Фæззæджы куы базæронд вæййы, уæд йæ дидинæг разыны пакъуыйы хуызæнæй, чысыл тымбылтæй-тымбылтæй йæ дымгæ фæхæссы фæйнæрдæм. Ардыгæй цæуы йæ ном — пакъуысындз.

Йæ донвыхæй æхсадтой хъæдгом, нуæзтой йæ тъæнгтæ æмæ ахсæннизы ныхмæ.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.