Перейти к содержанию

Ошо

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ошо
хинди रजनीश चन्द्र मोहन जैन
Гуырæн ном хинди चन्द्र मोहन जैन
англ. Chandra Mohan Jain
Райгуырды датæ 1931-æм азы 11 декабры(1931-12-11)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1990-æм азы 19 январы(1990-01-19)[1][2][…] (58 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз фыссæг, автобиограф, гуру, мистик
Автограф Изображение автографа
Сайт osho.com
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Ча́ндрæ Мо́хан Дже́ин (хинди चन्द्र मोहन जैन, 1931-æм азы 11 декабры1990-æм азы 19 январы), 70-æм азты райдианæй фылдæр номдзыд куыд Бхагва́н Шри Раджни́ш (хинди भगवान श्री रजनीशирон арфæгонд, хуыцау уæвæг) æмæ Ачарйæ, фæстæдæр та куыд Ошо (хинди ओशोирон фурды/фурдон, океаны хæццæ) — индиаг монон лидер æмæ мистик, иуæй-иу иртасджытæй неоиндуизмыл нымад, неоориенталон æмæ динон-культурон разæнгардгæнæг. Ног санньяссæйы амонæг — нысанæвæрд уыд дунейы мидæг аныгъуылынмæ, хи йыл ма сахуыргæнгæ, афтæмæй; цардылцин, эгойы атигъ кæнын æмæ медитаци, кæцы кæны тоталон ссæрибармæ æмæ раирдмæ.

Социализм, Махатма Ганди æмæ традицион динты критикæ нырма йæ царды скодтой Ошойы ныхмæдзырд фигурæ. Уый йеддæмæ ма, сексуалон ахастты сæрибары сæрыл хæцыди, хицæн хæттыты кæнын кодта сексуалон медитацион практикæтæ, цæй тыххæй уыд «секс-гуру» хуынд, æндæр иртасджытæ ма йæ «скандалты гуру» дæр фæхонынц.

Ошо у бирæ бæстæты ашрамты бындурæвæрæг. АИШ-ы уæвгæйæ скодта æхсæнадæмон цæрæнуат Раджнишпурам, цалдæр цæрæджы дзы 1985 азы сентябрьмæ сарæзтой цалдæр зиангонд фыдмийы, уæлдайдæр ма биотеррористон акт. Америкæйæ депортацийы фæстæ йын 21 паддзахады бахизыны бар нал радтой, кæнæ та йæ «нон-граты персонæ» схуыдтой. Уæрæсейы, ФРГ-йы æмæ ма хицæн специалистты официалон документты Ошойы организаци хаудта деструктивон сектæтæм. Диссаг нæу, æмæ Советон Цæдисы Раджнишы змæлд тобæгонд уыд идеологон хъуыдытæм гæсгæ.

Куы амарди, уый фæстæ йæм Индийы йæ ахаст фæивта, сси ахсджиаг ахуыргæнæгыл нымад æмæ йæ ахуыр та сси массон культурæйы хай Инди æмæ Непалы. Ошомæ ныхаскæндтæ, мырфыст 1969-1989 æзты, сæмбырд кодтой æмæ йæ фæдонтæй мыхуыргонд æрцыдысты 600 чиныгæй фылдæры бæрц.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]