Ортабайтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Ортабайтæ[1] (уырыс. Ортабаевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Ортабайтæ Дзинагъамæ æрбафтыдысты Асыйæ. Мыггаджы фыдæл Абай уыд асыйаг Абайты мыггагæй. Уым, дам, кæимæдæр фæтуджджын æмæ уый тыххæй æрбалыгъд Дыгуры коммæ, Дзинагъамæ. Йæ нæуæг цæрæнбынаты — Дзинагъайы йе 'цæг мыггаг не схъæр кодта, йæ ном та схуыдта Абай. Уый фæстæ Абай йæ мыггаг скодта Ортабайтæй æмæ афтæмæй Дзинагъайы фæзынд Ортабайты мыггаг. Абайæн йæ фыццаг цæуæты нæмттæ ничи хъуыды кæны, фæлæ, зæгъ, сæ иу хуынд Али. Уымæн уыд æртæ фырты: Алибег, Аслæнбег æмæ Дохчихъо. Ацы æфсымæрты цæуæт сты Ортабайты абоны фæлтæрæн сæ фыдæлтæ.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.