Опус Деи

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Опус Деи (лат. Opus Dei — Хуыцауы хъуыддаг, æххæст ном — Сыгъдæг Дзуары прелатурæ æмæ Opus Dei) у Католикон Еклезийы персоналон прелатурæ.

Организацийы бындур æвæрд æрцыдис Мадриды 1928-æм азы 2 октябры католикон сауджын сыгъдæг Хосемария Эскрива де Балагерæй.

1930-æм азы 14 февралы райдыдта йæ апостолон куыст сылгоймæгтимæ, 1943-æм азы 14 февралы Хосемария сауджынтæн сарæзта Сыгъдæг Дзуары сауджынты æхсæнад.

«Опус Деи»-йы нысан у уырнджытæн ахъаз кæнын, цæмæй уыдон, хуымæтæг зæххон хъуыддæгтæ кæнгæйæ, æнкъарой сыгъдæгдзинад се ’рвылбоны царды.

Прелатурæйы штаб-фатер ис Ромы, ацы уынджы: Viale Bruno Buozzi, 73.