Окситани
Внешний вид
- Францы регионы тыххæй кæс Окситани (регион).
Окситани (окс. Occitània [utsiˈtanjɔ, uksiˈtanjɔ, usi'tanjɔ, ukʃiˈtanjɔ, uksiˈtanja]) у, окситайнаг æвзагыл кæм дзурынц, уыцы зæххыты иумæйаг ном.
Æмбарынæдтæ «Окситани» æмæ «окситайнаг æвзаг» сты ретронимтæ. Уыдонæй пайда кæнын райдыдтой XIX æнусы — афтæ рахуыдтой, хайыг «о» («да»), дзырд «òc»-æй кæм фæдзурынц, уыцы рагон ромайнаг æвзæгты къорд.
Географи
[ивын | Бындур ивын]Окситанимæ хауынц ахæм зæххытæ:
- Францы хуссар: Прованс, Дром-Вивере, Овернь, Лимузен, Гиень, Гасконь æмæ Лангедок.
- Италийы Альпæты окситайнагау кæм дзурынц æмæ окситайнаг æвзагæн 1999-æм азы официалон статус кæм лæвæрд æрцыд, уыцы кæмттæ. Пьемонты цыппæрдæс комы провинцитæ Кунео æмæ Турины, стæй Лигурийы хицæн хъæутæ (провинци Импери) æмæ иу хъæу (Гуардия-Пимонтезе) административон регион Калабрийы (провинци Козенцæ).
- Испанийы Пиренейты Араны комы, цыран 1987-æм азы окситайнаг сси официалон æвзаг.