Ныхас

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ныхас

Ныхас у адæймæгтæн сæ кæрæдзийы ’хсæн дзурыны фæрæз, сæрмагонд æвзаджы конструкцитæй бæлвырд уагæвæрдтæм гæсгæ чи пайда кæны, ахæм. Ныхасы архайды ахицæнкæнæн и хъуыдытæ æвзаджы фæрæзтæй разæгъыны архайдыл æмæ, иннæрдыгæй, æвзаджы конструкцитæ бамбарыны архайдыл. Афтæмæй ныхас у психолингвистикон процесс, адæймаджы æвзаджы уæвыны формæ.

Ныхас у адæймаджы архайды ахсджиагдæр хуызтæй иу, уый фæрцы адæймаг йæ алфамбылай дуне æмбары, стæй йæ зонæнтæ æндæр адæймæгтæн дæтты æмæ фæдылдзу фæлтæртæм сæ æмбырд кæны.


Уыимæ кæс[ивын | Бындур ивын]