Перейти к содержанию

Джермецыкк

43°13′16″ с. ш. 44°12′37″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Николаевскæй-æй æрвыст)
Станицæ
Джермецыкк
уырыс. Николаевская
43°13′16″ с. ш. 44°12′37″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Дыгуры район
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1838[1]
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 2007[2] адæймаджы (2023)
Цифрон идентификатортæ
Посты индекс 363 402
Джермецыкк (Уæрæсе)
Джермецыкк (Цæгат Ирыстон)

Джермецыкк[3] (уырыс. Николаевская) у Цæгат Ирыстоны Дыгуры районы станицæ, Мустыздæх æмæ Бæрæгъуынмæ ’ввахс.

Æндæр нæмттæ: Гермецыкк[1], Хъаллæ[1], Николаевскæй.

Станицæйы истори райдыдта 1838-æм азы: уæд Бехъаны цур, Урсдон Теркмæ кæм æфты, уыцы ран æрцæрын кодтой цалдæр бинонджын æфсæддоны. Сæ хъæуы зæххыты фæзуат уыди 12576 дæсæтины.

1842-æм азмæ Джермецыччы царди 141 мыггаджы: 318 нæлгоймаджы æмæ 294 сылгоймаджы. Уыцы азы 23 ноябры уыдон бацыдысты Дзæуджыхъæуы хъазахъхъаг полчъы скондмæ, уымæй систы бынæттон цæрджытæ хъазахъхъ.

Станицæйы фыццаг бынаты бæстыхъæд æгæр уымæл уыд, уымæй цæрджытæ бирæ фæтухи кодтой, æмæ фæстæдæр хъæуы бынат аивтой хуссарырдæм Дур-Дуры доны былмæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæмардысты 360 станицæйагæй фылдæр. 1942-æм азы октябрæй 1943-æм азы райдианмæ станицæ гитлерон æфсады оккупацийы уыдис.

Советон дуджы Джермецыччы цы колхоз уыди, уый хуындис бынæттон революционер Легейдойы номыл. 2009-æм азы колхоз фæкъотыр и[4].

Кæс ноджы

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]