Перейти к содержанию

Невадо-дель-Руис

4°53′33″ с. ш. 75°19′25″ з. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Невадо-дель-Руис
исп. Nevado del Ruiz
Кæм ис
4°53′33″ с. ш. 75°19′25″ з. д.HGЯO
Ран Колумби
Хохы системæ Андтæ
Характеристикæтæ
Бæрзæнд 5311 м
Невадо-дель-Руис (Колумби)
Невадо-дель-Руис
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Невадо-дель-Руис (исп. Nevado del Ruiz) — тæккæ уæллоздæр архайгæ вулкан Андты Колумбийы территорийыл. Йæ скалд 1985-æм азы 13 ноябры ссис тæккæ дынджырдæр æрдзон катастрофæ Колумбийы. Уæд фæмард сты 25 000 адæймаджы. Сæйраг цæф æрцыдис хохæй 50 км фалдæр æвæрд сахар Армеройыл, уым 28 700 цæрæгæй фæмард сты 21 мины бæрц. 10 минутмæ Армеро Помпеийы хуызон бынсæфт бакодта. Вулканологтæ рагфæдзæхст кодтой адæмы, фæлæ сæ раздæры рагфæдзæхсттæ кæй никуы сæххæст сты, уымæ гæсгæ сыл ныр дæр ничиуал баууæндыдис.

Невадо-дель-Руисы сирвæзт бахаудта тæккæ мæлæтхæссæг вулканты сирвæзтытæм 5 номыримæ. Уырдæм ма хауынц Мон Пели, Этнæ, Кракатоæ æмæ æндæрты сирвæзтытæ.

Кæс ноджы

[ивын | Бындур ивын]