Перейти к содержанию

Нафитæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Нафитæ (уырыс. Нафиевы) сты дыгурон мыггаг.

Таурæгътæм гæсгæ, Нафи, Гæтдзи æмæ Тетцой иу артæй байуаргæ æфсымæртæ уыдысты. Стыр Дыгурмæ æрбафтыдысты Асыйæ. Гæтдзитæ цæргæ баззадысты Стыр Дыгуры. Тетцойтæ фыццаг фæлыгъдысты Гулæры коммæ Нæуæгхъæумæ, уырдыгæй та фæстæдæр Цыколамæ æмæ Чырыстонхъæумæ. Нафитæй та иутæ фæлыгъдысты Æхсæрджынмæ, иннæтæ та Доныфарсмæ. Стыр Дыгур æмæ Доныфарсы Нафиты мыггаджы фæлтæртæн Нафи уыд сæ фыд. Фыццаг æрцардысты Æхсæрджыны, фæлæ уым хуымзæхх цъус кæй уыд, уымæ гæсгæ алыгъдысты Одоламæ. Нафитæн се ’рвадæлтыл нымад сты Гæтдзитæ æмæ Тетцойтæ.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.