Мюнхгаузен, Иероним Карл Фридрих фон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Иероним Карл Фридрих фон Мюнхгаузен
нем. Hieronymus Carl Friedrich von Münchhausen
Райгуырды датæ 1720-æм азы 11 майы(1720-05-11)[1][2][3][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1797-æм азы 22 февралы(1797-02-22)[1][2][3][…] (76 азы)
Мæлæты бынат
Æфсæдты хуыз кавалери[d]
Хуындад ротмистр[d] æмæ салдат[d]
Командæ кодта Лейб-кампани[d]
Тохтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Карл Фридрих Иероним фрайхерр фон Мюнхгаузен (нем. Karl Friedrich Hieronymus Freiherr von Münchhausen, райгуырдис 1720-æм азы 11 майы, Боденвердер — амардис 1797-æм азы 22 февралы, Боденвердер) — немыцаг барон, рагон дæллагсаксойнаг мыггаг Мюнхгаузенты байзæддаг, Уæрæсейы æфсады ротмистр. Хъуыстгонд у, йæхи йын цы литературон уацмысты прототиптæн райстæуыд, уыдоны фæрцы.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Райгуырд, æвзонджы бонтæ[ивын | Бындур ивын]

Иероним Карл Фридрих уыдис, булкъон Отто фон Мюнхгаузены бинонты цы аст сывæллоны уыдис, уыдонæй фæндзæм. Лæппуйыл цыппар азы куы цыдис, уæд амардис йæ фыд, æмæ афтæмæй сывæллæттæ баззадысты сæ мады æвджид. 1735-æм азы 15-аздзыд Мюнхгаузен пажы чины бацыдис службæмæ Брауншвейг-Вольфенбюттелы герцог Фердинанд Альбрехт II-æммæ.

Æфсæддон службæ Уæрæсейы æфсады[ивын | Бындур ивын]

1737-æм азы Мюнхгаузен пажы чины афтыдис Уæрæсемæ, æрыгон герцог Антон Ульрихмæ, принцессæ Аннæ Леопольдовнæйы суинаг моймæ.

1738-æм азы Мюнгаузен герцогимæ архайы турчы ныхмæ хæсты. 1739-æм азы корнеты чины бацыдис, йæ шеф герцог кæмæн уыдис, уыцы Брауншвейджы кирасирон полкъмæ. 1741-æм азы райдианы, куыддæр барон Бироны раппæрстæуыд æмæ Аннæ Леопольдовнæйы снысан чындæуыд паддзахæй, герцог Антон Ульрихы та — генералиссимуссæй, афтæ йын лæвæрд æрцыдис поручикы чин æмæ лейб-кампанийы сæргълæууæджы бынат.

Уыцы азы Елизаветæ кæй сарæзта, æмæ Брауншвейджы хæдзарвæндаг чи раппæрста, уыцы паддзахадон фæфæлдæхт аскъуыдта Мюнхгаузены тынг суинаг карьерæ: кæд æмæ йын цæвиттойнаг афицеры репутаци уыдис, уæддæр ног чин (ротмистр) ын лæвæрд æрцыдис æрмæст 1750-æм азы, бирæнымæц курдиæттæ ныффыссыны фæстæ.

1744-æм азы Мюнхгаузен къаманды кодта, Ригæйы Уæрæсейы цесаревичы усаг — принцессæ София-Фредерикæ Ангальт-Цербстскаяйы (фидæны ус-паддзах Екатеринæ II) размæ чи рацыдис, уыцы цыты хъалагъурæн. Уыцы азы барон ракуырдта ригæйаг дворянкæ Якобинæ фон Дунтены.

Германмæ æрыздæхт[ивын | Бындур ивын]

Ротмистры чин ын куы рардæуыд, уæд Мюнхгаузен райста афæдзон отпуск æмæ ацыдис, æфсымæрты ’хсæн ныййарджыты бынтæ байуарыны фæстæ уымæн чи баззадис, уыцы Боденвердермæ. Барон дыууæ хатты адаргъдæр кодта йæ отпуск, æмæ æппынфæстаг балæвæрдта Æфсæддон Коллегимæ курдиат, цæмæй йæ отставкæйы рауадзой, йæ æнæкъæм службæйы охыл ын булкъоны чин ратгæйæ; дзуаппон фыстæджы Мюнхгаузенæн загъдæуыд, ахæм куырдиæттæ бынаты уæвгæйæ дæтгæ кæй сты, уый, фæлæ Уæрæсемæ уæддæр нæ ацыдис, æмæ уый фæстиуæгæн 1754-æм азы йæ æфсадæй рацух кодтой куыд æвастæй службæ ныууадзæджы, афтæ.

Мюнхгаузен ма цасдæр рæстæг зæрдæ дардта пайдаджын отставкæ самал кæныныл (уæд ын цæстахадгæ чинæй фæстæмæ ма уыдаид пенси исыны бар). Уымæн æвдисæн у, йæ кузен æфсымæр — Ганноверы кънйазады канцлер барон Герлах Адольф Мюнхгаузен — Æфсæддон Коллегимæ цы курдиат балæвæрдта, уый. Фæлæ уымæй дæр ын ницы сæнтæстис, æмæ йæ цæрæнбонты къухæрфыстыты йæхи хуыдта уырыссаг службæйы ротмистр. Ацы ном ын фæахъаз ис Авдазон хæсты рæстæджы — Боденвердер францæгтæ куы бацахстой, уæд Францимæ æмцæдисон æфсады афицер хызт уыдис, окупациимæ баст зындзинæдтæй — æфсадфысымæй æмæ æндæр ахæмтæй.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Baron Munchhausen // Encyclopædia Britannica (англ.)
  2. 2,0 2,1 Hieronymus Carl Friedrich von Münchhausen // Discogs (англ.) — 2000.
  3. 3,0 3,1 Karl Friedrich Hieronymus Freiherr von Münchhausen // Who Named It? (англ.)