Моргуатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Моргуатæ (уырыс. Моргоевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Моргуатæ Уæлладжыры комы Бызы цардысты. Кæимæдæр фæтуджджын сты æмæ Хъобанмæ ралыгъдысты. Уым Аспиатæ, Хъаныхъуатæ æмæ Алыккаты уазæг бакодтой сæхи. Фæцардысты цасдæр. Уыдысты æртæ æфсымæры — Дзогъ, Морг æмæ Гагадзи. Куы æрбынæттон сты, уæд уырдыгæй та æрлыгъдысты, Теджыхъæу чи хуынды, уырдæм. Уым аргъуан уыди уæд. Стæй аргъуан сивтой уæлдæр. Уыдон дæр аргъуаны размæ слыгъдысты: Теджыхъæу, Хъаныхъуатыхъæу, Зоратыхъæу, Уæллагхъæу кæнæ Асланджерийыхъæу — гъе, уыцы хицæн сыхтæ сиу сты æмæ сæ рауад Джызæл. Тег ирон лæг уыди, уыцы сыхы цард. Хъæуæн авд азы хъомгæс фæцыд æмæ сых йæ номыл баззад. Хъаныхъуатыхъæу та Хъобанæн сæ кусджытæ уыдысты.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.