Монгойлаг бæлцытæ Японмæ
Монгойлаг балцтæ Японмæ (яп. 元寇 [генко]) уыдысты дыууæ — 1274 æмæ 1281 азы. Чингисханы фыртыфырт Хубилай уыдис уыцы хæстон кампанийы бæлхон. Уыцы балцтæй дыууæ дæр монгойлæгты къухмæ нæ бафтыдысты.
Дыккаг лæбурды рæстæг, 1281 азы, монгойлаг флоты бирæ наутæ фесæфтысты тайфунæй (æвирхъау уадæй). Уыцы уад япон схуыдтой «камикадзе», ома «хуыцæуы дымд».