Мовсес Кертог

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мовсес Кертог
Մովսես Քերթող
Райгуырды датæ бæрæг нæу[1]
Райгуырæны бынат
  • бæрæг нæу[1]
Зонады къабаз теологи, грамматикæ
Ахуыргæнинæгтæ Степанос Сюнеци

Мовсе́с Керто́г, зынгонд ма у куыд Мовсе́с Сюнеци́ (сом. Մովսես Քերթող / Սիւնեցի) у сомихаг теолог æмæ грамматик VII—VIII-æм æнусты, рагон сомихаг Диониси Фракийаджы «Грамматикæйы аивады» æмбарынгæнджытæй, сæ иу.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Йæ райгуырæн бон æмæ бынат бæлвырдæй бæрæг не сты. Уыдис Сюничы алчер æмæ Степанос Сюнецийы ахуыргæнæг. Фæстæдæр æй Сюнеци фæивта Сюничы паддзахы бадæныл. Астæузамнон сомихаг литературæйы йæ арæх хæццæ кодтой Мовсес Хоренаци[2]. Ноджы ма зындгонд у куыд Диониси Фракийаджы «Грамматикæйы аивады» æмбарынгæнæг, уымæй уæлдай ма йæ зонынц цалдæр тæлмацы, теологион куыстыты æмæ динон зарджыты руаджы (шараканты)[3].

Аивад[ивын | Бындур ивын]

Мовсесы бакаст грамматикон зонадмæ Диониси Фракийаджы хъуыдыты хуызæн нæ уыд. Сæрмагондæй, Мовсес грамматикæ æмæ æндæр аивæдтæ æмбæрста рационалонæй.

«Аивады ратæдзæн — зонд, гениалон хъуыдыйы — аивады архайæг, аивад та — зонды стыргæнæг».

Фонетикæйы хицæн кодта мыр æмæ дамгъæ, йæ нымадмæ гæсгæ, дыккаг у фыццагы фæлгондз. Мыртæ дих кодта дыууæ хуызыл — «æмбаргæ уæвæгты хъæлæстæ» æмæ «æнæмбаргæты зæлтæ». Архайдта, цæмæй ссара æрдзы цы хъæлæсонтæ ис, уыдоны æххæст нымæц, æмæ радта бæрæггæнæн, кæцы дырысæй æвисдзæн хъæлæсонты æмæ мидвисагæй хицæндзинад. Ис ын цымыдисон хъуыдытæ хауæнты, тасынндзæгты тыххæй æмæ а.д.

Йæ теологион куыстытæй иуыл цымыдисаг у «Аргъуаны чины тыххæй райхæлд» (сом. Յաղագս կարգաց եկեղեցւոյ). Уым,сæрмагондæй ис уникалон информаци астæузаманон сомихаг музыкæйы зонадоны æма аргъуаны музыкæйы тыххæй.

Нырыккон историктæ Мовсесы нымайынц «О таинстве Вардавара»-йы (сом. Յաղագս Վարդավառին խորհրդոյՅաղագս Վարդավառին խորհրդոյ) куысты авторыл, традицимæ гæсгæ иу-æй æрфыссынц Мовсес Хоренацийыл.

Мысæн[ивын | Бындур ивын]

Сомихаг апостолон аргъуан æй бафтыдта Сыгъдæгтæм. Йæ мысæн бон нысан кæны октябры, саббаты.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Армянская советская энциклопедия, том 8 (сом.) — Т. 8. — Ф. 42.
  2. Саркисян Л. Г. Мнимый Степанос Сюнеци — шараканописец V века // Вестник общественных наук НАН РА. — 1993. — № 1. — С. 120—129.
  3. Michael E. Stone. / Adam and Eve in the Armenian Traditions, Fifth through Seventeenth Centuries. — Society of Biblical Lit, 2013. — P. 696. — (Early Judaism and its literature, 38)