Мисти (вулкан)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мисти
Координатæтæ: 16°17′40″ ю. ш. 71°24′32″ з. д.HGЯO
Кæм ис Перу
Хохы системæ Андтæ
Цъуппы бæрзæнд 5822 м
Мисти (Перу)
Мисти
Категори ВикиКъæбицы

Ми́сти (исп. El Misti) — вулкан Хуссар Америкæйы Перуйы территорийыл. Йæ бæрзæнд — 5822 м. 17 километры ныгуылæнырдæм лæууы Перуйы дыккаг сахар асмæ гæсгæ Арекипæ, йæ цæрджыты бæрц хæццæ кæны милуанмæ (2009). Сахары бирæ бæстыхæйттæ арæзт æрцыдысты Эль-Мистийы урс пироклистикон лæбырдтæй, уый тыххæй Ариекипæ арæх фæхонынц «Урс сахар».[1] Цæугæдон Чили кæлы сахары уылты, æмæ ахизы Эль-Мистийы æмæ незаманы вулканон коплекс Чачанийы (6075 м) астæу каньоныл. Эль-Мистийæ хуссарырдæм лæууы вулкан Пичу-Пичу (5669 м).[2]

Эль-Мистийы æмæ Арекипæйы спутниккæй конд къам

Эль-Мисти — хуыст вулкан, фæстаг æдых вулканы сирвæзт регистрацигонд æрцыдис 1985-æм азы. Вулканон конусмæ гæсгæ Мисти у типикон стратовулкан, уыдонæн характерон у лавæйы лæбырдтыты æмæ хæлæн сирвæзтыты æртхутæгимæ радыгай ивд. Вулканæн ис æртæ концентрикон кратеры. Мидæггаджы ис кæсын фумаролон активондзинадмæ. XV æнусы вулканы тыхджын сирвæзт Арекипойы цæрджыты ассырда сахарæй.[3]

Мидæггаг кратеримæ 1998-æм азы ссардæуыд æхсæз инкаг мумийы æмæ цалдæр артефакты. Уыдæттæ ссардта мæй куысты фæстæ экспедици кæцыйæн йæ разамонджытæ уыдысты Джон Рейнхард æмæ Хосе Антонио Чавес. Сарæггæгтæ æвæрд сты Андаг кувæндæтты музейы (исп. Museo de Santuarios Andinos) Арекипæйы.[4]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. El Misti Volcano and Arequipa, Peru(англ.). NASA Earth Observetory (November 2, 2009). Датæ: 2010-æм азы 10 январы.
  2. El Misti(англ.)(недоступная ссылка). Global Volcanism Program. Датæ: 2010-æм азы 10 январы. Архив 2007-æм азы 27 ноябры.
  3. El Misti Volcano and the City of Arequipa, Peru(недоступная ссылка). NASA. Датæ: 2008-æм азы 25 декабры. Архив 2004-æм азы 18 ноябры.
  4. Reinhard, Johan. The Ice Maiden: Inca Mummies, Mountain Gods, and Sacred Sites in the Andes. — Washington, D.C. : National Geographic Society, 2005. — ISBN 0-7922-6838-5.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]